Фӕлӕ, Давиды бадӕны чи бады, уыцы паддзахы, стӕй ацы сахары цӕрӕг адӕмы, уемӕ уацары кӕй нӕ акодтой, уӕ уыцы ’фсымӕрты тыххӕй Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, афтӕ зӕгъы: уыдоны Ӕз кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бакӕндзынӕн, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ цы легъуитӕ нӕ бӕззынц, уыдоны хуызӕн сӕ скӕндзынӕн.