5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Йерусалим у уый! Ӕз ӕй ӕрӕвӕрдтон адӕмты астӕу, йӕ алыварс та — иннӕ бӕстӕтӕ.
Мӕ куывд Дӕм фехъуысӕд! Мӕ лӕгъстӕмӕ Дӕ хъус ӕрдар!
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕлӕстӕ акалут ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ хӕцынӕн саразут бырутӕ. Ацы сахар баййафдзӕн ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ байдзаг ис ӕфхӕрдӕй.
О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар!
Дӕ рӕсугъды кой айхъуысти адӕмтыл, уымӕн ӕмӕ дыл Ӕз цы аив фӕлыст скодтон, уый мидӕг ӕнӕкъӕм уыди дӕ рӕсугъддзинад, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Ды та, адӕймаджы фырт, райс агуыридур, дӕ разы йӕ ӕрӕвӕр ӕмӕ йыл скӕн Йерусалимы хахныв.
Фӕлӕ ма-иу уыдонӕй дӕр райс ӕмӕ-иу сӕ арты бакал ӕмӕ басудз. Уырдыгӕй Израилы ӕппӕт адӕмыл рацӕудзӕнис арт».
Йаковы байзӕддӕгтӕ ӕнӕнымӕц адӕмты ’хсӕн суыдзысты Дунедарӕджы ӕртӕхау, кӕрдӕгыл цы тӕрккъӕвда рауары, уый ӕнгӕс. Сӕ цард адӕймагӕй аразгӕ нал уыдзӕн, ӕмӕ Адамы цотыл сӕ зӕрдӕ нал дардзысты.
Сымах стут дунейы рухс. Хохы цъуппыл цы сахар ис, уымӕн бамбӕхсӕн нӕй.
Се ’ппӕт дӕр нуӕзтой уыциу монон донӕй — семӕ чи цыди, уыцы монон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти.
Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“
Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куынӕ хъусат, уӕд сымахӕн дӕр, мӕнӕ уӕ цӕстыты раз бындзагъд кӕй кӕны, уыцы адӕмтау зӕххыл уӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.