Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 5:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Ӕз сымахыл суадздзынӕн стонджы мӕлӕтдзаг фӕттӕ, сӕ быны уӕ фӕкӕндзынӕн. Уӕ хойраг уын скуынӕг кӕндзынӕн

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 5:16
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд Самарийы скодта ӕвирхъау стонг заман. Суанг ма хӕрӕджы сӕр дӕр уӕй кодтой ӕвзисты цыппарыссӕдз шекелӕй, бӕлоны бӕркъайы кавӕн та йӕ цыппӕрӕм хай — ӕвзисты фондз шекелӕй.


Йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдоны бафхӕрынӕн рацӕгъды Йӕ кард, Йе ’рдынбос айвазы ӕмӕ сӕм ныхъхъавы.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йерусалим ӕмӕ Иудейӕн байсдзӕни сӕ алы ӕххуыс ӕмӕ ӕнцойгӕнӕн быцӕу, сӕ дон ӕмӕ сӕ къӕбӕры хай,


Цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон сахары цӕрджытӕ сыдӕй мардысты, адӕммӕ, цы бахӕрой, уый нал уыди.


Нылвӕста Йе ’рдын, сарӕзта мӕ мил,


«Адӕймаджы фырт! Искӕцы зӕхх Мӕ разы куы фӕтӕригъӕдджын уа, йӕ зӕрдӕ Мыл куы сива ӕмӕ йӕм Ӕз Мӕ къух куы сисон, йӕ хойраг ын куы скуынӕг кӕнон ӕмӕ йыл стонг заман куы бафтауон, йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йын йӕ фос дӕр сафын куы байдайон,


Ноджы ма мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ӕз Йерусалимы хойраджы ӕвӕрӕнтӕ скуынӕг кӕндзынӕн. Сӕ къӕбӕр катайгӕнгӕ хӕрдзысты барстӕй, сӕ дон дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ барстӕй нуаздзысты.


Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг.


ӕмӕ уыл стонджы азар бафтаудзынӕн. Тугдзых сырдты уыл сардаудзынӕн, ӕмӕ уын уыдон уӕ сывӕллӕтты ныццӕгъддзысты. Емынӕ ӕмӕ мӕлӕты хай бауыдзыстут ӕмӕ уӕм кардӕй ӕвзиддзынӕн. Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг.


Хойрагӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзынӕн, уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй иу пецы дзул фыцдзысты. Тӕразыл барстӕй уын дзул дӕтдзысты, ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ