Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 5:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уымӕ гӕсгӕ дӕ мидӕг фыдӕлтӕ хӕрдзысты сӕ фыртты, уыдон та — сӕ фыдӕлты. Ӕз дыл Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, чи ма дӕ аирвӕза, уыдоны та ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 5:10
36 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ иу бон мӕ лӕппуйы сфыхтам ӕмӕ йӕ бахордтам, фӕлӕ иннӕ бон ацы ус йӕ лӕппуйы бамбӕхста».


Фӕлӕ ма Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Дӕ цагъар Моисейӕн кӕй загътай, уыцы ныхас — гадзрахатӕй, дам, куы рацӕуат Мӕныл, уӕд уӕ Ӕз ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн; кӕд ӕмӕ Мӕм фӕстӕмӕ раздӕхат ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ уӕ зӕрдыл дарат ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уӕ арвы кӕрӕттӕй дӕр иумӕ ӕрбамбырд кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ Ме ’взӕрст бынатмӕ ӕркӕндзынӕн, цӕмӕй дзы Мӕ ном ӕрцӕра.


Байхъус, чызг, кӕс ӕмӕ хъус лӕмбынӕг, ферох кӕн дӕ адӕмы, дӕ фыды хӕдзар.


Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».


Сӕ къух-иу цӕуыл фӕхӕст уа, уый ӕргӕвддзысты ӕмӕ хӕрдзысты, фӕлӕ-иу уӕддӕр се стонг нӕ басӕтдзысты, сыдӕймӕлӕгау сын бафсис нӕ уыдзӕн. Алчи йӕ хионы хӕрдзӕни:


Кӕрӕдзиуыл сӕ ныппырх кӕндзынӕн, фыдӕй, фыртӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Нӕ сыл бацауӕрддзынӕн, нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн, ныццӕгъддзынӕн сӕ“».


Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты фыдтӕ бахӕрын кӕндзынӕн. Сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдон сыл куы ’рхъула кӕной ӕмӕ уынгӕджы ранмӕ куы бахауой, уӕд дзы алчидӕр йӕ сыхаджы буар хӕрынмӕ ӕрцӕудзӕн.


Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны иууылдӕр фесафдзынӕн. Се ’ппӕт дӕр Мысыры амӕлдзысты, кард ӕмӕ стонгӕй се сӕфт ссардзысты, стырӕй, чысылӕй. Адӕмтӕ сӕ ӕлгъитдзысты, сӕ уындӕй сӕ стыр тасы ӕфтаудзысты, сӕгад уыдзысты, ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.


Сӕ теуатӕ кӕйдӕр ӕфтиаг суыдзысты, сӕ бирӕ рӕгъӕуттӕ знӕгты хай бауыдзысты. Сӕ къӕмисӕнтӕ дасӕг адӕмы Ӕз дымгӕмӕ ныффӕйлаудзынӕн, алырдыгӕй сыл фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Арвы цыппар кӕронӕй Еламы бӕстӕм цыппар дымгӕйы арвитдзынӕн ӕмӕ йӕ цыппар дымгӕйыл ныффӕйлаудзынӕн. Тард еламӕгтӕ кӕй зӕхмӕ не ’рцӕудзысты, ахӕм адӕмыхатт нал баззайдзӕн.


Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта.


Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, цалынмӕ бынтондӕр сыскъуыйой, уӕдмӕ сӕ кардимӕ сурдзынӕн».


О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц!


Фӕлмӕн ныййарджытӕ сӕ хъӕбулты фыцынц! Уӕ, ноггуырд сабитӕ куы систы хойраг! Уӕ, сӕфынц мӕ адӕм!


Дунедарӕг сӕ Йӕхӕдӕг фӕсырдта, нал сӕм ракӕсдзӕн!» Ныр сӕлгъаг сты сауджынтӕ, хатыр нӕй зӕрӕдтӕн!


Хъӕддаг куыйтӕ дӕр ма сӕ къӕбысты ӕхсырӕй бафсадынц, — мӕ адӕмы Чызг гакк-гуккау куы сси ӕгъатыр!


Йӕ алыварс цыдӕриддӕр ӕххуысгӕнджытӕ ис, уыдон ӕмӕ йын йе ’фсӕдтӕ ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн, фӕсте сӕм кардӕй ӕвзиддзынӕн.


Алы бӕстӕты, алы адӕмты ’хсӕн сӕ куы ныххӕлиу кӕнон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Вавилоны ӕрдонгтӕй лидзынмӕ чи фӕуа, уыдон иууылдӕр карды амӕттаг бауыдзысты, чи ма сӕ баззайа, уыдон та ныххӕлиу уыдзысты фӕйнӕрдӕм. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, афтӕ Ӕз — Дунедарӕг — кӕй загътон, уый».


Ӕцӕг, ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ расомы кодтон, кӕй сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн алы бӕстӕтыл, алы адӕмтыл.


Алы бӕстӕты, алы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ кӕрон скӕндзынӕн де ’нӕуаг митӕн.


Ныххӕлиу сӕ кодтон алы бӕстӕты, алы адӕмтыл; стӕрхон сын кодтон сӕ фӕндӕгтӕм, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.


Дӕ иу ӕртыккаг хай дӕ мидӕг амӕлдзысты емынӕйӕ ӕмӕ сыдӕй, иннӕ ӕртыккаг хай карды амӕттаг бауыдзӕни дӕ алфамбылай, аннӕ ӕртыккаг хайы та дын ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. Фӕсте сӕм ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе ’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Фӕлӕ ма уӕ иу цасдӕр удӕгасӕй ныууадздзынӕн, ӕмӕ уыдон фервӕздзысты кардӕй, бӕстӕтӕ ӕмӕ адӕмты ’хсӕн куы ныххӕлиу уат, уӕд.


Дунедарӕг, Ды кӕддӕриддӕр иузӕрдион дӕ, фӕлӕ мах, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ, ӕгас Израилы адӕм, абоны онг фидиссагӕй цӕрӕм. Нӕ фыдракӕндты аххосӕй нӕ алы бӕстӕты ныххӕлиу кодтай.


Уӕ фырттӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ фыд хӕрынмӕ ’рцӕудзыстут.


Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, ӕмӕ Израилы адӕмы, мӕнӕу сыхырнайы куыд балуарынц, афтӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзысты, ӕмӕ дзы иу дур дӕр нӕ ахиздзӕн.


Кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кодтон, сӕ фӕстӕ ацы зӕхх гӕныстонмӕ ’рцыди. Иунӕг цӕуӕг ыл нал баззад, бӕллиццаг зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой».


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.


Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Бӕргӕ сӕ ныццӕгъдин Ӕз, адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал уаид,


Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты ’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты ’хсӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ