1 Фӕлӕ ды, адӕймаджы фырт, райс цыргъ кард ӕмӕ дзы хилдасӕнау дӕ сӕр ӕмӕ дӕ зачъе адас, стӕй райс тӕраз ӕмӕ-иу хъуынтӕ адих кӕн ӕртӕ хайыл.
Бардарӕг Евфраты фале баххуырсдзӕн Ассирийы паддзахы, ӕмӕ уын уый адасдзӕни уӕ сӕртӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ, суанг ма уын уӕ боцъотӕ дӕр алвындзӕн.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацу ӕмӕ дурынгӕнӕгӕй иу ӕлыг дурын балхӕн. Демӕ адӕмы хистӕртӕй, стӕй хистӕр сауджынтӕй цалдӕры рахон
Ды та, адӕймаджы фырт, райс агуыридур, дӕ разы йӕ ӕрӕвӕр ӕмӕ йыл скӕн Йерусалимы хахныв.
Сӕ сӕртӕ-иу мадӕр дасгӕ акӕнӕнт, мадӕр-иу сӕ сӕрыхъуынтӕ даргъ рауадзӕнт — алвынӕнт-иу сӕ сӕртӕ.
ТЕКЕЛ — „Тӕрӕзтыл барст ӕрцыдтӕ, ӕмӕ дӕ ӕппындӕр ницы уӕз ис“.
Сауджынтӕн сӕ сӕр дасын, сӕ зачъетӕ цыбыр кӕнын ӕмӕ сӕ буар лыгтӕ кӕнын не ’мбӕлы.