Езекиел 48:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст8 Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн уыдзӕни уаз зӕххы хай; цӕгатӕй хуссарӕрдӕм йӕ уӕрх — фондз ӕмӕ ссӕдз мин ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ та скӕсӕнӕй ныгуылӕнӕрдӕм — иннӕ зӕххы хӕйтты хуызӕн. Йӕ астӕу уыдзӕни Кувӕндон. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Ацы фӕзахсты фӕйнӕфарс зӕххытӕ — скӕсӕнӕрдӕм Иорданы онг, ныгуылӕнӕрдӕм та денджызы онг — сты фӕтӕджы хай. Дыууӕрдӕм дӕр сӕ уӕрх — дыууын фондз мин ӕлмӕрины. Афтӕмӕй, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы зӕххисбон ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы зӕххисбоны ’хсӕн цыдӕриддӕр зӕххытӕ ис, Кувӕндоны зӕххытӕ, левитты зӕххытӕ ӕмӕ сахары зӕххытӕ рахицӕн кӕнгӕйӕ, уыдон сты фӕтӕджы хай.