12 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уаз зӕххӕй райсдзысты ацы иууылуаз хай, левитты арӕныл.
Ацы уаз зӕххы хай лӕвӕрд уыдзӕни Дунедарӕджы Кувӕндоны лӕггадгӕнӕг сауджынтӕн. Ам уыдзысты Кувӕндон ӕмӕ сауджынты хӕдзӕрттӕ.
Уый-иу рауӕлдай кӕнут сауджынтӕн, Цадокы байзӕддагӕй чи у, Мӕ Кувӕндоны Мын уазлӕггад чи кодта, уыдонӕн. Израилӕгтӕ Мӕ куы ныууагътой, уӕд мыл адон иннӕ левиттау сӕхи нӕ атигъ кодтой.
Левиттӕ дӕр сауджынты ӕмарӕн райсдзысты хай, йӕ дӕргъ — фондз ӕмӕ ссӕдз мин ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс мин ӕлмӕрины.
Ӕрдӕгсӕдӕйон азы уыцы зӕххы хай куы суӕгъд уа, уӕд суыдзӕни уаз, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, бавналын ӕм хӕрам у, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм зӕхх, ӕмӕ сауджынты исбон бауыдзӕн.