Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 47:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Дыууӕ гуылфӕны денджызмӕ кӕм бакӕлой, уыцы ран алы змӕлӕгойтӕй байдзаг уыдзӕн, бирӕ дзы уыдзӕни кӕсӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ ацы дон бакӕлдзӕни уырдӕм ӕмӕ денджызы дон суыдзӕни ӕнӕнизгӕнӕг. Ацы дон кӕдӕм бакӕла, уым уыдзӕни цард.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 47:9
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

дӕттӕн сӕ сӕрмӕ ӕрцарӕзтай галуантӕ. Ӕврагъ — Дӕ уӕрдон, дымгӕйы базыртыл тӕхыс.


Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».


Ирвӕзындзинады суадӕттӕй цингӕнгӕ исдзыстут дон.


Мӕй сӕрттивдзӕни хурау, хур та, цы у, уымӕй авд хатты рухсдӕрӕй, авд боны дӕргъы цы рухс ратты, уый йын цыма иу бонмӕ ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыйау. Уыцы бон Дунедарӕг бабӕтдзӕни Йӕ адӕмы цӕфтӕ, байгас сын кӕндзӕни сӕ хъӕдгӕмттӕ.


Уыдон ӕрбацӕудзысты дунейы алы кӕрӕттӕй: дард скӕсӕнӕй, цӕгатӕй, ныгуылӕнӕй — денджызы ’рдыгӕй ӕмӕ хуссарӕй — Синимы зӕххӕй».


«Дойны кӕмӕн у — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ нуазӕнт! Ӕхца уӕ кӕмӕ нӕй — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ лӕвар исӕнт сӕн ӕмӕ ӕхсыр! Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы.


Уыцы бон бирӕ адӕмтӕ Дунедарӕгмӕ се ’ргом раздахдзысты ӕмӕ суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн. Уӕд базондзынӕ, дӕумӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.


Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ дуне нал фендзӕни Мӕн, сымах та Мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ма фесӕфой, фӕлӕ сын уа мыггагмӕйы цард.


Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон».


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты.


Хуыцауы Уд царддӕттӕг у, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.


Ӕмӕ йын йӕ ныхасыл чи баууӕндыд, уыдоныл саргъуыдӕуыд, ӕмӕ уыцы бон уырнджытыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц.


Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Бардарӕг Йесо та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, ӕрвыста сӕм, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны.


Уыдон ӕм байхъуыстой, арфӕ ракодтой Хуыцауӕн ӕмӕ Павелӕн загътой: «Ӕфсымӕр, уыныс, цал мин иудейаджы баууӕндыди, уый! Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ӕнувыд сты Моисейы Ӕгъдауыл.


Апостолтӕм чи хъуыста, уыдонӕй та бирӕтӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ ныр уырнджыты нымӕц уыди фондз мины бӕрц.


Ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой Бардарӕгыл ӕууӕндджытӕ — сӕ нымӕцыл ӕфтыд бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ.


Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Йерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл.


Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй.


Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Фыццаг адӕймаг — Адам — сси удгоймаг», фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг Уд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ