Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 47:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Сурмӕ куы рахызтӕн, уӕд цӕугӕдоны былгӕрӕтты, дыууӕрдыгӕй дӕр, ӕз федтон бирӕ бӕлӕстӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 47:7
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сырх денджызы былгӕрон Ецион-Геверы, Елотмӕ хӕстӕг, Едомы зӕххыл, Соломон арӕзта наутӕ.


Илийайӕ цы пӕлӕз ӕрхауди, уый систа, ӕмӕ фӕстӕмӕ Иорданы былмӕ ӕрбаздӕхт.


Моисей скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый бацамыдта бӕласмӕ. Моисей дзы иу лыггаг доны ныппӕрста, ӕмӕ дон хӕрзад фестад. Уыцы ран Дунедарӕг израилӕгтӕн сфидар кодта фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сӕ фӕлвӕрдта.


Ливанӕй дын ӕрбаласдзысты диссаджы хорз хъӕдӕрмӕг: кипарис, тӕгӕр ӕмӕ кедр, цӕмӕй Мын рӕсугъд сфӕлындой Мӕ Кувӕндон — Мӕ къахӕвӕрӕн.


Дӕ адӕм уыдзысты рӕстгӕнджытӕ, ӕмӕ, цы зӕхх сфӕлдыстон, дыргъдонау кӕй сарӕзтон, уый мыггагмӕ уыдзӕни сӕ исбон. Ӕмӕ Мӕ кады ном айхъуысдзӕн адӕмтыл.


Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.


Цӕугӕдоны былгӕрӕтты дыууӕрдыгӕй дӕр зайдзӕн алымыггаг дыргъ бӕлӕстӕ. Сӕ сыфтӕр нӕ хус кӕндзӕн ӕмӕ сӕ дыргъ нӕ куынӕг кӕндзӕн. Алы мӕй дӕр-иу сыл срӕгъӕд уыдзӕни ног дыргътӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ донӕй ӕфсаддзӕн Кувӕндонӕй кӕлӕг цӕугӕдон. Сӕ дыргъӕй сын исдзысты хӕрынӕн, сӕ сыфтӕрӕй та — низтӕй дзӕбӕх кӕнынӕн».


сахары уынджы хӕд астӕуты. Йӕ фӕйнӕфарс дӕр зади, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, ахӕм царды бӕлас. Йӕ сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ