Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 47:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг фӕстӕмӕ ӕрбакодта Кувӕндоны дуармӕ, ӕмӕ федтон, Кувӕндоны къӕсӕры бынӕй скӕсӕнӕрдӕм дон куыд цӕуы, уый — Кувӕндонӕн йе ’ргом арӕзт уыди скӕсӕнӕрдӕм. Дон Кувӕндоны рахиз фисыны ’рдыгӕй калди нывондхӕссӕны хуссарвӕрсты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 47:1
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый нӕ разы басаста адӕмты, нӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста знӕмты.


Йӕхӕдӕг нын равзӕрста фыдӕй-фыртмӕйы исбон — Йӕ уарзон Йаков хъал кӕмӕй у, уыцы бынтӕ.


Фехстай мӕ ӕнӕбын сӕрсӕфӕнмӕ, сау дӕлдзӕхмӕ.


Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.


Фыдгултӕ цагъды куы фӕуой, сӕ фидӕрттӕ куы ныппырх уой, уыцы бон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕй азгъордзысты суадӕттӕ, къададӕттӕ.


«Дойны кӕмӕн у — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ нуазӕнт! Ӕхца уӕ кӕмӕ нӕй — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ лӕвар исӕнт сӕн ӕмӕ ӕхсыр! Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы.


Мӕ адӕм ракодтой дыууӕ фыдракӕнды: ныууагътой Мӕн, цардӕгас доны Суадоны, ӕмӕ сӕхицӕн донуӕттӕ скодтой. Фӕлӕ уыдон пырх сты, дон уромын нӕу сӕ бон.


Уый фӕстӕ рацыди кулдуармӕ, йе ’ргом скӕсӕнӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уымӕ, схызт ын йӕ асинтыл ӕмӕ йын сбарста йӕ къӕсӕры бӕзн — уыди барӕн хъилы йас.


Уыцы лӕг мын загъта: «Адон сты, Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕ адӕмы нывӕндтӕ кӕм фыцынц, уыцы цӕлгӕнӕнтӕ».


Цӕугӕдоны былгӕрӕтты дыууӕрдыгӕй дӕр зайдзӕн алымыггаг дыргъ бӕлӕстӕ. Сӕ сыфтӕр нӕ хус кӕндзӕн ӕмӕ сӕ дыргъ нӕ куынӕг кӕндзӕн. Алы мӕй дӕр-иу сыл срӕгъӕд уыдзӕни ног дыргътӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ донӕй ӕфсаддзӕн Кувӕндонӕй кӕлӕг цӕугӕдон. Сӕ дыргъӕй сын исдзысты хӕрынӕн, сӕ сыфтӕрӕй та — низтӕй дзӕбӕх кӕнынӕн».


Уыцы лӕг мӕ ракодта цӕгатварс кулдуарыл ӕмӕ мӕ ӕддӕты бакодта ӕддаг кулдуармӕ, йе ’ргом скӕсӕнӕрдӕм арӕзт кӕмӕн у, уымӕ. Кулдуарӕн йӕ рахизфӕрсты калди дон.


Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис.


Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.


Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни.


Уыцы бон Йерусалимӕй царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ ракӕлдзысты, сӕ иу ӕрдӕг — скӕсӕйнаг денджызмӕ, иннӕ — ныгуылӕйнаг денджызмӕ; сӕрдӕй, зымӕгӕй афтӕ уыдзӕн.


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ