Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 45:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕгъгъӕд уын уӕд, Израилы адӕмы фӕтӕгтӕ! Мауал тых кӕнут, мауал ссӕндут, раст тӕрхон хӕссут! Мӕ адӕмы Мын мауал сурут сӕ зӕххӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 45:9
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕн ӕмӕ мӕгуыртыл йӕ тых ӕвзӕрста, былысчъилтӕ сыл кодта; цы хӕдзӕрттӕ нӕ сарӕзта, уыдон-иу йӕхи бакодта.


Ды-иу сидзӕргӕсты афтидармӕй арвыстай, сидзӕрты-иу ихы сӕрыл ныууагътай.


Сахуыр ут хорз хъуыддӕгтӕ кӕныныл, раст тӕрхон хӕссут, ӕфхӕрд адӕймагӕн ӕххуыс кӕнут, сидзӕры сӕрыл хӕцут, ма ӕфхӕрут идӕдзы.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Раст хъуыддӕгтӕ кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухӕй фервӕзын кӕнут. Ма хъыгдарут ӕмӕ ма ’фхӕрут ӕндӕрбӕстаджы, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы, ӕнаххосты туг ма калут ацы ран.


Донгуырӕны дон куыд пӕлхъ-пӕлхъ кӕны, уыйау фыдмитӕ, стыгъд ӕмӕ тыхми пӕлхъ-пӕлхъ кӕнынц сахары, Мӕ цӕстыты раз ӕдзух — цӕфтӕ ӕмӕ хъӕдгӕмттӕ!


Израилы хиваст адӕмӕн зӕгъ: Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕм, кӕрон скӕнут уе ’ппӕт ӕнаккаг митӕн.


Райрӕзти тыхми — ӕнаккӕты лӕдзӕг, фӕлӕ уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ баззайдзӕн; нӕдӕр сӕ исбонӕй, нӕдӕр сӕ уынӕрӕй, нӕдӕр сӕ номӕй ницыуал баззайдзӕн.


Рӕхыс сараз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх байдзаг ис тугкалӕн фыдракӕндтӕй, сахар та йедзаг у тыхмийӕ.


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг? Иудейы адӕм ацы ран цы ’лгъаг митӕ кӕнынц, уыдон сын фаг не сты! Нӕ, фӕлӕ ма ӕгас бӕстӕ байдзаг кодтой фыдмитӕй ӕмӕ Мын ноджы тынгдӕр ссыгътой Мӕ маст. Кӕс-ма, къалиутӕ сӕ фындзтӕм куыд схӕссынц, уымӕ.


Ӕвзӕрдзинад уын суӕд ӕнӕуынон, рӕстдзинад бауарзут ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут тӕрхондоны. Чи зоны, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йосефы фӕдонтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ныббара.


Раст тӕрхон цӕугӕдонау кӕлӕд, гуылфӕнтӕ кӕнӕд рӕстдзинад!


Мӕ адӕмы сылгоймӕгты Мын сӕ уарзон хӕдзӕрттӕй тӕрут, сӕ сабиты сын мыггагмӕ ӕнӕхай кӕнут Мӕнӕй.


Хӕрам миты фӕрцы цы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ цы хӕзнатӕ фӕзынди, стӕй, сайгӕ цы ’лгъаг барӕнтӕ кӕнынц, уыдонмӕ, ау, афтӕ кӕсдзынӕн?


«Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ дзырдта: раст тӕрхон кӕнут, кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут;


Мӕнӕ уын, цы хъуамӕ кӕнат, уыдӕттӕ: уӕ кӕрӕдзийӕн дзурут рӕстдзинад; тӕрхондоны тырнут рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинадмӕ;


Фарстой йӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр: «Махӕн та цы гӕнгӕ у?» Иоанн сын загъта: «Макӕй стигъут ӕмӕ тыхӕй макӕмӕй мацы исут — разы ут уӕ мыздӕй».


Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ