Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 45:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Адӕмы фӕтӕгӕн — Дунедарӕджы зӕххисбоны ӕмӕ сахары зӕххисбоны ӕмных ӕмӕ се ’муӕрх, скӕсӕнӕрдыгӕй дӕр ӕмӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй дӕр — ратдзыстут зӕххы хӕйттӕ. Уыдон скӕсӕнӕрдыгӕй аххӕсдзысты скӕсӕйнаг арӕнты онг, ныгуылӕнӕрдыгӕй та — ныгуылӕйнаг арӕнты онг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 45:7
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз, Дунедарӕг, уыдзынӕн сӕ Хуыцау, Мӕ цагъар Давид та уыдзӕни сӕ фӕтӕг. Уый зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг.


Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се ’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ.


Ацы фӕзахсты фӕйнӕфарс зӕххытӕ — скӕсӕнӕрдӕм Иорданы онг, ныгуылӕнӕрдӕм та денджызы онг — сты фӕтӕджы хай. Дыууӕрдӕм дӕр сӕ уӕрх — дыууын фондз мин ӕлмӕрины. Афтӕмӕй, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы зӕххисбон ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы зӕххисбоны ’хсӕн цыдӕриддӕр зӕххытӕ ис, Кувӕндоны зӕххытӕ, левитты зӕххытӕ ӕмӕ сахары зӕххытӕ рахицӕн кӕнгӕйӕ, уыдон сты фӕтӕджы хай.


Израилӕгтӕ зӕххытӕ куы байуӕрстой, уӕд Нуны фырт Йешуайӕн сӕ зӕххытӕй радих кодтой хай — фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ