Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 45:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ацы уаз зӕххы хай лӕвӕрд уыдзӕни Дунедарӕджы Кувӕндоны лӕггадгӕнӕг сауджынтӕн. Ам уыдзысты Кувӕндон ӕмӕ сауджынты хӕдзӕрттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 45:4
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы лӕг мын загъта: «Йе ’ргом хуссарӕрдӕм кӕмӕн у, уыцы агъуыст лӕвӕрд у Кувӕндоны кусӕг сауджынтӕн,


йе ’ргом цӕгатӕрдӕм кӕмӕн у, уыцы агъуыст та лӕвӕрд у нывондхӕссӕны цур кусӕг сауджынтӕн. Адон Цадокы байзӕддаг сты. Левийы байзӕддагӕй ӕрмӕст адонӕн ис Дунедарӕджы раз сауджынтӕй кусыны бар».


Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕн-иу, Цадокы байзӕддӕгтӕй чи у, Мӕ рӕзы чи лӕггад кӕна, уыдонӕн, Мӕ сауджынтӕн, галты дзугӕй тӕригъӕды нывондӕн ратт иу гал.


Сауджынты фыдӕй-фыртмӕйы исбоны кой куы кӕнӕм, уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн сӕ исбон. Зӕххы хай сын ма раттут Израилы: Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн сӕ хай.


Зӕххы хӕйттӕ халӕппӕрстӕй куы уарат, уӕд-иу рахицӕн кӕнут Дунедарӕджы уаз зӕххы хай: йӕ дӕргъ — дыууын фондз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — ссӕдз мин ӕлмӕрины. Уыцы зӕххы хай уаз уыдзӕнис иууылдӕр.


Уаз зӕххыл рахицӕн кӕнут, йӕ дӕргъ дыууын фондз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та дӕс ӕлмӕрины кӕмӕн уыдзӕн, ахӕм хай. Уым уыдзӕни Рухсмонуат.


Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн уыдзӕни уаз зӕххы хай; цӕгатӕй хуссарӕрдӕм йӕ уӕрх — фондз ӕмӕ ссӕдз мин ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ та скӕсӕнӕй ныгуылӕнӕрдӕм — иннӕ зӕххы хӕйтты хуызӕн. Йӕ астӕу уыдзӕни Кувӕндон.


Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн загъта: «Райсом сӕумӕйӕ равдисдзӕн Дунедарӕг, Йӕхи чи у ӕмӕ сыгъдӕг чи у, стӕй Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуын кӕй уадзы, уый. Кӕй равзӕрста, уымӕн Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуыны бар ратдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ