2 Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.
Уый фӕстӕ ӕз уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ федтон, стыр бартӕ кӕмӕ уыд, ахӕм ӕндӕр зӕды. Зӕхх ныррухс ис йӕ кадӕй.
Дунедарӕджы кад йӕхи систа сахарӕй ӕмӕ ӕрӕнцад, сахарӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хох ис, уый сӕрмӕ.
Кӕрӕдзимӕ хъӕр кодтой: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг уаз у! Ӕгас зӕхх — йемыдзаг Йӕ кадӕй!»
Дунедарӕджы кад йӕхи систа херувимтӕй ӕмӕ ӕрӕнцади Кувӕндоны къӕсӕрыл, ӕмӕ Кувӕндон байдзаг ис ӕврагъӕй, кӕрт та — Дунедарӕджы кады тӕмӕнӕй.
Къӕвдабон арвыл ӕврӕгъты цы арвӕрдын фӕзыны, уый ӕнгӕс уыди рухс Йӕ алыварс.
Йӕ къӕхтӕ ӕрттывтой, пецы чи сзынг, ахӕм ӕрхуыйау, Йӕ хъӕлӕс та нӕрыд стыр ӕхсӕрдзӕнау.
Ӕз сыстадтӕн ӕмӕ быдырмӕ ацыдтӕн, ӕмӕ федтон Дунедарӕджы кад, Кевары доны был ӕй куыд федтон, афтӕ. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.
Куы-иу рацӕйцыдысты, уӕд-иу сын ӕз сӕ базырты уынӕр хъуыстон денджызы уынӕрау, Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсау, хӕстон асадӕны тохы хъӕрау. Куы-иу ӕрлӕууыдысты, уӕд-иу сӕ базыртӕ ӕруагътой.
Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс. Ӕз кӕй фехъуыстон, уыцы хъӕлӕс уыди, фӕндырдзӕгъдджытӕ цыма сӕ фӕндыртӕй цагътой, уый хуызӕн.
Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Алелуйа! Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, сси Паддзах!
Уый фӕстӕ ӕз уӕларвы фехъуыстон хъӕлӕс. Уый уыди бирӕ адӕмы уынӕрау: «Алелуйа! Ирвӕзындзинад, кад ӕмӕ намыс сты нӕ Хуыцаумӕ!
Ацы ныхӕстӕ Исайа уый тыххӕй загъта, ӕмӕ йӕм Йесойы кад раргом ис, ӕмӕ кодта Уый кой.
Теманӕй ӕрбацӕуы Хуыцау, Уаз Хуыцау фӕзынд Параны хохӕй. Йе стырад ӕрӕмбӕрзта уӕлӕрвтӕ, байдзаг ис Йӕ кадӕй зӕхх.
Денджыз донӕй йемыдзаг куыд у, афтӕ зӕхх дӕр, Дунедарӕг цӕйбӕрц кадджын у, уыцы зонынадӕй байдзаг уыдзӕн.
Израилы Хуыцауы кад хӕрдмӕ ссыди, цы херувимтыл ӕнцад, уыдонӕй ӕмӕ Кувӕндоны къӕсӕрыл ӕрлӕууыд. Дунедарӕг фӕсидти, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, йӕ астӕуыл та нымӕрдары фыссӕнгарз, уыцы лӕгмӕ
Уый тӕмӕнтӕ калдта Хуыцауы кадӕй. Йӕ рухсгӕнӕн уыди тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, дзӕнхъайы ӕнгӕс рухсдзыд яшмӕйы хуызӕн.
О, додой! Дзыллӕты уынӕр хъуысы! Денджызы абухынау — сӕ хъӕр. Ӕмбу кӕнынц знӕт фурды уылӕнтау.
Херувимтӕ сӕ базыртӕ айтыгътой, ӕмӕ уыдонимӕ сӕхи хӕрдмӕ систой цӕлхытӕ дӕр. Израилы Хуыцауы кад уыди сӕ сӕрмӕ.
Дунедарӕджы кад скӕсӕнварс кулдуарыл бацыди Кувӕндонмӕ.
Дунедарӕг мын загъта: «Ацы кулдуар уыдзӕн ӕхгӕд ӕмӕ нӕ байгом уыдзӕн. Ницавӕр адӕймаг ыл бахиздзӕн, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, бахызти. Уымӕ гӕсгӕ баззайдзӕни ӕхгӕдӕй.
Тӕмӕнтӕ калы хурау, Йӕ къухтӕй рухс тынтӕ фӕйнӕрдӕм ивылынц, сӕ мидӕг ӕмбӕхст у Йӕ хъомыс.