Езекиел 42:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уыцы лӕг мӕ ракодта ӕддаг кӕртмӕ, цӕгатварсмӕ. Уым кӕрт ӕмӕ цӕгатварсы стыр бӕстыхайы ныхмӕ лӕууыд иу бӕстыхай, йӕ мидӕг — цалдӕр агъуысты. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Стӕй мӕ уыцы лӕг бакодта хуссарварс кӕртмӕ, йӕ кулдуары ’рдӕм. Уым дӕр сбарста ӕппӕт дӕр, цӕджындзӕй, тыргъӕй, ӕмӕ уыдон дӕр уыдысты иннӕты халдих. Ам дӕр кулдуармӕ цыди авд къӕпхӕны. Кулдуарӕн йӕ дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дыууын фондз ӕлмӕрины. Бацӕуӕны фӕйнӕфарс алы цӕджындзы цъуппыл дӕр — пальмӕ.
Кӕимӕ уыдтӕн, уыцы лӕг мын загъта: «Фӕзы цур цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм чи кӕсы, уыцы агъуыстытӕ сты уаз, Кувӕндоны мидӕг, Дунедарӕгӕн чи кусы, уыцы сауджынтӕн лӕвӕрд сты. Ам фӕхӕрынц, нывӕндтӕй сӕм цы хӕйттӕ хауы, уыдон. Ам ӕрӕвӕрынц иууылсыгъдӕг мысайнӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывонд ӕмӕ фиддоны нывонд, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у.