Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 41:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Рӕбинаг агъуыстӕн сбарста йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх, ӕмӕ дыууӕрдӕм дӕр уыди фӕйнӕ ссӕдз ӕлмӕрины, Кувӕндонӕн йӕ уӕрхы хуызӕн. Загъта мын: «Уый у Рухсмонуат».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 41:4
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕстаг къулӕй размӕ ссӕдз ӕлмӕрины ранымадта ӕмӕ уыцы ран кедры хъӕдӕй цӕхгӕрмӕ суагъта ног къул, цӕмӕй йын йӕ фӕстӕ сараза Рухсмонуат.


Рухсмонуатӕн йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд уыдысты ӕмиӕстӕ — ссӕдзгай ӕлмӕринтӕ. Соломон ӕй иууылдӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. Стӕй, кедр хъӕдӕй цы нывондхӕссӕн скодта, уый дӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


Кувӕндон ӕмӕ Рухсмонуаты алыварс быруйӕн йе ’мкъул скодта ӕфтуанагъуыст фӕрссаг хатӕнтимӕ.


Уый фӕстӕ сауджынтӕ Кувӕндоны рӕбинаг уатмӕ, Рухсмонуатмӕ, бахастой Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтой херувимты базырты бын.


Уый фӕстӕ сарӕзта Рухсмонуат. Йӕ уӕрх уыди ссӕдз ӕлмӕрины, Кувӕндоны уӕрхмӕ гӕсгӕ, йӕ дӕргъ дӕр — ссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ састӕрынӕн бахардз кодта сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕхсӕзсӕдӕ таланты.


Уый фӕстӕ сауджынтӕ Фидыды Чырын бахастой, цы бынат ын снысан кодтой, уырдӕм — Кувӕндоны Рухсмонуатмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтой херувимты базырты бын.


Кувӕндонмӕ ӕмӕ Рухсмонуатмӕ бацӕуӕнтӕн уыди дывӕлдах дуӕрттӕ, ӕвдузӕнтыл зилгӕ дыгай базыртимӕ.


Сахар у цыппӕрдигъон, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх сты ӕмхуызон. Зӕд сбарста сахар лӕдзӕгӕй, ӕмӕ рауад дыууадӕс мин стадийы. Йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд сты ӕмхуызон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ