26 Тыргъы фӕйнӕфарс къултӕй кастысты рудзгуытӕ, уыдон уыдысты пальмӕты нывӕфтыдтӕй фӕлыст.
астӕрдӕй хӕрдмӕ, рудзгуыты онг чи ссыд, уыцы хъӕдын уӕлхуыд фӕлыст, ӕртывазыг фӕлгӕтджын рудзгуытӕ,
Мидкулдуар фӕрссаг хатӕнтӕн сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ къуыпп цӕджындзгӕндтыл дӕр уыди рудзгуытӕ, се ’ппӕтыл дӕр; тыргъты дӕр алырдыгӕй — рудзгуытӕ, цӕджындзты цъуппытыл та — пальмӕтӕ.
Уый фӕстӕ уыцы лӕг сбарста Кувӕндоны къулты бӕзн, ӕмӕ уыди ӕхсӕз ӕлмӕрины. Кувӕндоны алыварс, ӕртӕрдыгӕй, уыди фӕрссаг хатӕнтӕ, сӕ уӕрх — фӕйнӕ цыппар ӕлмӕрины.
Соломон йӕ галуанӕн скодта Цӕджындзты Агъуыст дӕр, йӕ дӕргъ — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ разӕй — тыргъ.
Уыцы лӕг мӕ бакодта Кувӕндоны тыргъмӕ ӕмӕ йӕ сбарста. Бацӕуӕн кулдуары уӕрх уыди цыппӕрдӕс ӕлмӕрины, кулдуары фӕйнӕфарс къултӕн сӕ дӕргъ уыди фӕйнӕ ӕртӕ ӕлмӕрины, йӕ мидӕг цӕджындзтӕн сӕ алкӕцыйы бӕзн та — фондз ӕлмӕрины.
Мидагъуыст кӕрӕдзийы ныхмӕ ӕвӕрд уыдысты рудзгуыты фӕлгӕттӕ, ӕртыгай рӕнхъытӕй.