Езекиел 41:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст22 Уыди дзы хъӕдын нывондхӕссӕн, йӕ бӕрзӕнд — ӕртӕ ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх та — фӕйнӕ дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ тигътӕ дӕр, йӕ бын дӕр ӕмӕ йӕ къултӕ дӕр уыдысты хъӕдӕй конд. Чи мӕ ӕрбакодта, уыцы лӕг мын загъта: «Уый, Дунедарӕджы раз чи лӕууы, уыцы фынг у». အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Соломон ма Хурамӕн скӕнын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз дзауматӕ дӕр: нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; дӕс цырагъдарӕны, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз — галиуӕрдыгӕй, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз; цырагъдарӕнтӕн дидинсыф ӕфтуантӕ; цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, Кувӕндоны тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ, уидгуытӕ, будсудзӕнтӕ; ӕвдузӕнтӕ Рухсмонуат ӕмӕ Кувӕндоны дуӕрттӕн. Ацы дзауматӕ иууылдӕр конд ӕрцыдысты сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.
Ноджы ма Соломон саразын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны иннӕ дзауматӕ дӕр: сыгъзӕрин нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; цырагъдарӕнтӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд, сӕ цырӕгътимӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз судзынӕн; дидинсыф фӕлындӕнтӕ, цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; хӕсгӕрдтӕ, кӕхцытӕ, цолпытӕ, будсудзӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; Кувӕндоны дуӕрттӕ: Рухсмонуаты дуар ӕмӕ Кувӕндоны сӕйраг агъуысты дуар, уыдон дӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд.