Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 40:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7-10 Мидӕгӕй, скӕсӕнварс цы кулдуар уыди, уый фӕйнӕфӕрсты, йӕ бакомкоммӕ фаллаг кулдуары ’рдӕм дыууӕ рӕнхъӕй цыдысты фӕрссаг хатӕнтӕ, ӕртыгӕйттӕ. Уыцы лӕг сӕ сбарста, ӕмӕ алы хатӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ дӕр ӕмӕ йӕ уӕрх уыдысты барӕн хъилы йӕстӕ. Хатӕнӕй хатӕны ’хсӕн уыди фондз ӕлмӕрины. Фаллаг кулдуарӕн дӕр, скӕсӕнварс цы кулдуӕрттӕ уыди, уыдонау йӕ къӕсӕры бӕзн уыди барӕн хъилы йас. Кулдуарӕн йе ’ргом — тыргъы ’рдӕм, тыргъӕн йӕ дӕргъ уыдис аст ӕлмӕрины, йӕ разӕй дыууӕ цӕджындзӕн та сӕ бӕзн уыди фӕйнӕ дыууӕ ӕлмӕрины. Тыргъ лӕууыди кулдуарӕй Кувӕндоны ’хсӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 40:7
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдонӕн сӕ хӕс уыди Аароны байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕджы хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Сӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны кӕртытӕ ӕмӕ хатӕнтӕ. Се ’вджид ма сын бакодтой ӕппӕт уаз дзауматӕ сыгъдӕгӕй дарын, стӕй Хуыцауы хӕдзары иннӕ куыстытӕ дӕр кӕнын.


Цыппар сӕйраг хъахъхъӕнӕджы та ӕдзух уыдысты сӕ бӕрнон куысты лӕуд. Адонӕн, левиттӕн, сӕ бӕрны уыдысты Хуыцауы хӕдзары хатӕнтӕ ӕмӕ хӕзнатӕ.


Сыгъзӕрин зӕгӕлтӕн сӕ уӕз уыди фӕндзай шекелы. Уӕллаг уӕттӕ дӕр иууылдӕр састӕрдта сыгъзӕринӕй.


Уӕд Езекиа бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕбицтӕ ӕрцӕттӕ кӕной, ӕмӕ йын сӕххӕст кодтой йӕ бардзырд.


Уӕдӕ сӕ цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнут, цалынмӕ сӕ сауджынтӕ ӕмӕ левитты хистӕртӕм ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм Йерусалимы, Дунедарӕджы хӕдзары, хӕзнадонмӕ барст-нымадӕй раттат, уӕдмӕ.


Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.


Уый дӕр уыди скӕсӕнварс кулдуары халдих: ӕд хатӕнтӕ, ӕд цӕджындзтӕ ӕмӕ ӕд гӕрӕнтӕ йӕ дӕргъ иумӕйагӕй уыди ӕртын ӕлмӕрины, йе ’ппӕт уӕрх та — дыууын фондз ӕлмӕрины.


Уым дӕр уыд иннӕты хуызӕн фӕрссаг хатӕнтӕ, цӕджындзтӕ, тыргътӕ, алырдыгӕй — рудзгуытӕ. Уым дӕр фӕзахсты дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дыууын фондз ӕлмӕрины.


Уым дӕр уыди иннӕты хуызӕн фӕрссаг хатӕнтӕ, цӕджындзтӕ, тыргътӕ, алырдыгӕй — рудзгуытӕ. Уым дӕр фӕзахсты дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дыууын фондз ӕлмӕрины.


Уым дӕр уыди иннӕты хуызӕн фӕрссаг хатӕнтӕ, цӕджындзтӕ, тыргътӕ, алырдыгӕй — рудзгуытӕ. Уым дӕр фӕзахсты дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дыууын фондз ӕлмӕрины.


Бӕстыхайӕн йӕ уӕладзгуытӕ куыд уӕлӕмӕ къӕпхӕнгай кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ йӕ агъуыстытӕ куыд уӕлдӕр нарӕгдӕр уыдысты. Ацы бӕстыхайӕн ӕддаг кӕрты алыварс агъуыстытау цӕджындзтӕ нӕ уыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ