Езекиел 40:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст6 Уый фӕстӕ рацыди кулдуармӕ, йе ’ргом скӕсӕнӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уымӕ, схызт ын йӕ асинтыл ӕмӕ йын сбарста йӕ къӕсӕры бӕзн — уыди барӕн хъилы йас. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Стӕй мӕ уыцы лӕг бакодта хуссарварс кӕртмӕ, йӕ кулдуары ’рдӕм. Уым дӕр сбарста ӕппӕт дӕр, цӕджындзӕй, тыргъӕй, ӕмӕ уыдон дӕр уыдысты иннӕты халдих. Ам дӕр кулдуармӕ цыди авд къӕпхӕны. Кулдуарӕн йӕ дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дыууын фондз ӕлмӕрины. Бацӕуӕны фӕйнӕфарс алы цӕджындзы цъуппыл дӕр — пальмӕ.
Мидӕгӕй, скӕсӕнварс цы кулдуар уыди, уый фӕйнӕфӕрсты, йӕ бакомкоммӕ фаллаг кулдуары ’рдӕм дыууӕ рӕнхъӕй цыдысты фӕрссаг хатӕнтӕ, ӕртыгӕйттӕ. Уыцы лӕг сӕ сбарста, ӕмӕ алы хатӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ дӕр ӕмӕ йӕ уӕрх уыдысты барӕн хъилы йӕстӕ. Хатӕнӕй хатӕны ’хсӕн уыди фондз ӕлмӕрины. Фаллаг кулдуарӕн дӕр, скӕсӕнварс цы кулдуӕрттӕ уыди, уыдонау йӕ къӕсӕры бӕзн уыди барӕн хъилы йас. Кулдуарӕн йе ’ргом — тыргъы ’рдӕм, тыргъӕн йӕ дӕргъ уыдис аст ӕлмӕрины, йӕ разӕй дыууӕ цӕджындзӕн та сӕ бӕзн уыди фӕйнӕ дыууӕ ӕлмӕрины. Тыргъ лӕууыди кулдуарӕй Кувӕндоны ’хсӕн.