Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 40:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Хуыцау мӕ Йӕ рард цӕстылуайӕнты акодта Израилы зӕхмӕ ӕмӕ мӕ тынг бӕрзонд хохыл ӕрлӕууын кодта. Хохӕн цыма йӕ хуссайраг фахсыл уыдысты сахары бӕстыхӕйттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 40:2
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ноджы ма йӕм цы саразыны фӕндтӕ уыди, уыдӕтты хахныв дӕр: Дунедарӕджы хӕдзары кӕртытӕн, йӕ алыварс ӕппӕт хатӕнтӕн, Хуыцауы хӕдзары хӕзнадӕттӕн ӕмӕ уаз хӕзнаты ӕвӕрӕнтӕн.


Адӕттӕ се ’ппӕт дӕр фыст сты Дунедарӕджы амындтыты хыгъды — Йӕхӕдӕг бацамыдта, алцыдӕр куыд аразгӕ у, уый.


Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ, уӕ хъус ӕрдарут, дун-дунейы ӕппӕт цӕрджытӕ:


Кӕддӕр дӕхимидӕг афтӕ куы дзырдтай: «Уӕларвмӕ ссӕудзынӕн, Хуыцауы рафӕлдыст стъалытӕй бӕрзонддӕр сисдзынӕн мӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ уым, цӕгаты тигъыл, хуыцӕутты ’хсӕн ӕрбаддзынӕн хохыл;


Дзурут, зӕгъгӕ, уаз сахарӕй рацыдыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Израилы Хуыцауыл. Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Кевары доны был хаст адӕмимӕ куы цардтӕн — ӕртынӕм азы, цыппӕрӕм мӕйы фӕндзӕм бон — уӕд арвы дуар байгом ис, ӕмӕ мын Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн.


Уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ уаз хохыл, Израилы бӕрзонд хохыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — лӕггад кӕндзысты ӕппӕт Израилы адӕм, дунейыл сӕ чидӕриддӕр ис, уыдон. Уым сыл Ӕз ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдзынӕн. Уым уын бацагурдзынӕн уӕ хуынтӕ, уӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ уе ’ппӕт уаз нывӕндтӕ.


Уыцы зӕххыл сӕ, Израилы хӕхтыл, иу адӕм скӕндзынӕн, се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕнис иу паддзах, ӕмӕ дыууӕ адӕмы нал уыдзысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕ паддзахадыл нал дих кӕндзысты.


Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг бакодта Кувӕндонмӕ ӕмӕ йӕ сбарста. Йӕ бацӕуӕны уӕрх уыди дӕс ӕлмӕрины, бацӕуӕнӕн йӕ фӕйнӕфарс къулты дӕргъ — фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины, йӕ цӕджындзты бӕзн та — фӕйнӕ ӕхсӕз ӕлмӕрины. Кувӕндонӕн мидӕгӕй йӕ дӕргъ уыди цыппор ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — ссӕдз ӕлмӕрины.


Мӕнӕ Кувӕндоны сӕйраг ӕгъдау: хохы цъупп ӕмӕ йӕ алыварс тыгъдад иууылдӕр у иууылуаз. Уый у Кувӕндоны сӕйраг ӕгъдау.


Ӕрбадардта мӕм къухы хуызӕн цыдӕр, мӕ сӕрыхъуынтӕй мӕ фелвӕста. Уд мӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕумӕ систа ӕмӕ мӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны ӕрхаста Йерусалиммӕ, йе ’ргом цӕгатӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уыцы мидӕггаг кулдуары цурмӕ. Уым лӕууыди, Дунедарӕгӕн Йӕ маст кӕмӕ сыгъди, уыцы гуымиры.


Балтасар фыццаг аз Вавилоны паддзахиуӕг куы кодта, уӕд Даниил фыны, йӕ хуыссӕнуаты, федта цӕстылуайӕн. Уый ныффыста, йӕ фыны цыдӕриддӕр федта, уыдӕттӕ.


Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы.


Фӕстаг заман куы ралӕууа, уӕд, Дунедарӕджы Хӕдзар цы хохыл лӕууы, уый суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуыбыртӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн, адӕмтӕ йӕм агуылф кӕндзысты.


Уыцы ӕхсӕв Павел федта цӕстылуайӕн: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн».


„Ӕмӕ рӕстӕджыты кӕрон, — зӕгъы Хуыцау, — Ӕз ӕппӕт адӕмы схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ; уӕ лӕппутӕ уындзысты цӕстылуайӕнтӕ; уӕ хистӕртӕ та — Мӕ лӕвӕрд фынтӕ.


Уӕларвон Йерусалим та сӕрибар у — не ’ппӕты мад.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ