5 Тӕригъӕдтӕ цал азы фӕкодтой, уал боны дын снысан кодтон — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз боны хӕсдзынӕ дӕ уӕлӕ Израилы адӕмы тӕригъӕд.
Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.
Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.
Дыууиссӕдз боны дӕргъы бӕстӕуынӕг уыдыстут ӕмӕ дыууисӕдз азы дӕргъы, уыцы бонты нымӕцмӕ гӕсгӕ, алы боны ныхмӕ — афӕдз, фиддзыстут уӕ тӕригъӕд, цӕмӕй бамбарат, Мӕ ныхмӕ рацӕуын цы у, уый“.