4 Ды та-иу дӕ галиу фарсыл ӕрхуысс ӕмӕ-иу дӕхиуыл Израилы адӕмы тӕригъӕд сӕвӕр. Дӕ фарсыл цал боны фӕхуыссай, уал боны сӕ тӕригъӕдтӕ уыдзысты дӕ уӕлӕ.
Тӕригъӕдтӕ цал азы фӕкодтой, уал боны дын снысан кодтон — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз боны хӕсдзынӕ дӕ уӕлӕ Израилы адӕмы тӕригъӕд.
Мӕнӕ дыл Ӕз сӕвӕрдзынӕн рӕхыстӕ ӕмӕ дӕ иу фарсӕй иннӕмӕ разилын дӕ бон не суыдзӕн, цалынмӕ дӕ ӕрхъулайы бонтӕ фӕуой, уӕдмӕ.
«Тӕригъӕды нывонды фыд уаз бынаты цӕуылнӕ бахордтат? Иууылсыгъдӕг у уый, ӕмӕ уын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй Дунедарӕджы раз адӕмы тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнат, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ азым сисат.
Цӕу израилӕгты фыдракӕндтӕ иууылдӕр ахӕсдзӕн ӕдзӕрӕг ранмӕ. Уым-иу ӕй ауадзӕд.
Дыууиссӕдз боны дӕргъы бӕстӕуынӕг уыдыстут ӕмӕ дыууисӕдз азы дӕргъы, уыцы бонты нымӕцмӕ гӕсгӕ, алы боны ныхмӕ — афӕдз, фиддзыстут уӕ тӕригъӕд, цӕмӕй бамбарат, Мӕ ныхмӕ рацӕуын цы у, уый“.
Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг, стӕй дӕ хӕдзарвӕндаг иууылдӕр, дзуапп дӕтдзыстут, Уаз Цӕрӕн куы фӕчъизи уа, уӕд. Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг дзуапп дӕтдзыстут, уӕ сауджынлӕггад куы фӕчъизи уа, уӕд.
Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исайа цы загъта, уый: «Уый нын райста нӕ рынтӕ ӕмӕ нын ахаста нӕ низтӕ».
афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.
Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.