Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 4:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Стӕй йыл ӕрхъула кӕн, йӕ ныхмӕ йын хӕцӕн мӕсыг сараз, сыджытбыру самай, хӕстон асадӕн скӕн йӕ ныхмӕ ӕмӕ йын йӕ алыварс сисфӕлдахӕн сармадзантӕ ӕрӕвӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 4:2
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоавы ӕфсад дӕр бахӕццӕ ис Авел-Бет-Маахамӕ ӕмӕ йыл ӕрхъула кодта. Сахары сисрӕбын сыджытбыру скодтой ӕмӕ сахары сис ракалыныл архайын райдыдтой.


Дӕ хуыздӕр дӕлвӕзтӕ байдзаг сты тохуӕрдӕттӕй, фыдгулы бӕхӕфсад сахары кулдуары раз ӕрлӕууыд.


Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, ацы сахары хӕдзӕртты ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуанты, фыдгулты кардӕй чи ныппырх уыдзӕн, уыдоны тыххӕй зӕгъы:


Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл дӕсӕм аз куы цыд, уӕд дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон Йерусалиммӕ ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’ппӕт ӕфсадимӕ. Сахарыл ӕртыхсти ӕмӕ йын йӕ алыварс хӕцӕн бырутӕ самайын кодта.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕлӕстӕ акалут ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ хӕцынӕн саразут бырутӕ. Ацы сахар баййафдзӕн ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ байдзаг ис ӕфхӕрдӕй.


Йӕ рахиз къухӕй Йерусалимы хал сисдзӕн. Йерусалимы раз ӕрӕвӕрдзӕн йӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ. Тохы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ байсдзӕн кулдуары цурмӕ, йӕ батонынмӕ. Сахары ныхмӕ самайдзӕн сыджытбыру ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг сараздзӕн.


Сӕфт, сӕфт, сӕфт! Ацы сахарӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ уыцы сахар кӕй у, уый ӕрцӕуа, уӕдмӕ, ӕмӕ йӕ уӕд ратдзынӕн уымӕн.


Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе ’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Цӕгаты паддзах дӕр та ногӕй ӕрбабырсдзӕн, сыджытрагъ саразын кӕндзӕн ӕмӕ сахары фидар бацахсдзӕн. Хуссары тыхтӕ саст ӕрцӕудзысты, хуыздӕр хӕстонтӕй дӕр ничи фервӕздзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ