Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 4:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Ноджы ма мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ӕз Йерусалимы хойраджы ӕвӕрӕнтӕ скуынӕг кӕндзынӕн. Сӕ къӕбӕр катайгӕнгӕ хӕрдзысты барстӕй, сӕ дон дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ барстӕй нуаздзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 4:16
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ сыдӕй мӕлынмӕ ӕрцыдысты йӕ цӕрджытӕ, хойраджы мур сӕм нал баззад. Цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон


Уӕд Самарийы скодта ӕвирхъау стонг заман. Суанг ма хӕрӕджы сӕр дӕр уӕй кодтой ӕвзисты цыппарыссӕдз шекелӕй, бӕлоны бӕркъайы кавӕн та йӕ цыппӕрӕм хай — ӕвзисты фондз шекелӕй.


Рӕсӕнуаты адӕм хӕлӕг кӕнын байдыдтой Моисеймӕ ӕмӕ Дунедарӕджы уаз лӕггадгӕнӕг Ааронмӕ.


Зӕххы кӕронӕй Дӕм ӕрхӕндӕг зӕрдӕйӕ дзыназын. Къӕдзӕхы сӕрмӕ мӕ сис — мӕхи бон нӕу уырдӕм схизын.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йерусалим ӕмӕ Иудейӕн байсдзӕни сӕ алы ӕххуыс ӕмӕ ӕнцойгӕнӕн быцӕу, сӕ дон ӕмӕ сӕ къӕбӕры хай,


Цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон сахары цӕрджытӕ сыдӕй мардысты, адӕммӕ, цы бахӕрой, уый нал уыди.


Хъӕрзынц йӕ адӕм, агурынц къӕбӕр. Сӕ хӕзнатӕ хӕринагыл куы ивынц, цӕмӕй мӕлӕтӕй фервӕзой! О Дунедарӕг! Ӕркӕс-ма мын мӕ худинагмӕ!


Куы ’лхӕнӕм доны хъуыртт ӕхцайӕ, нӕхи сугӕн куы фидӕм!


Нӕ цардыл н’ ауӕрдгӕйӕ, агурӕм къӕбӕр: ӕдзӕрӕг быдыры нӕ фӕдыл зилы кард!


«Адӕймаджы фырт! Искӕцы зӕхх Мӕ разы куы фӕтӕригъӕдджын уа, йӕ зӕрдӕ Мыл куы сива ӕмӕ йӕм Ӕз Мӕ къух куы сисон, йӕ хойраг ын куы скуынӕг кӕнон ӕмӕ йыл стонг заман куы бафтауон, йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йын йӕ фос дӕр сафын куы байдайон,


Уый мын загъта: «Ӕз дын бар дӕттын адӕймаджы ӕппарӕнты бӕсты хъуджы фаджыс райсын, ӕмӕ-иу ууыл фыц дӕ дзул».


Ӕз сымахыл суадздзынӕн стонджы мӕлӕтдзаг фӕттӕ, сӕ быны уӕ фӕкӕндзынӕн. Уӕ хойраг уын скуынӕг кӕндзынӕн


Хойрагӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзынӕн, уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй иу пецы дзул фыцдзысты. Тӕразыл барстӕй уын дзул дӕтдзысты, ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут.


Цалдӕр сахары цӕрджытӕ-иу дон нуазынмӕ иу сахары ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ сын дон нӕ фаг кодта, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕрыкк ӕртыккаг мыхуыр куы систа, уӕд фехъуыстон, ӕртыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]». Ӕз федтон сау бӕх; йӕ барӕджы къухы уыди барӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ