Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 39:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Мӕ адӕм Израилӕн раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фегад кӕнын нал бауадздзынӕн. Уӕд адӕмтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Уаз Хуыцау, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 39:7
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Арфӕ ракӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн! Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, стыр дӕ Ды! Кад ӕмӕ стырад — Дӕ фӕлыст.


Ӕнӕхъуаджы ма сдзур Дунедарӕджы, Дӕ Хуыцауы, ном. Дунедарӕг ӕнӕбафхӕргӕ нӕ ныууадздзӕн, Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уый.


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


Кӕй фаудтай ды, Кӕмӕн фӕкодтай фидистӕ? Кӕуыл хъӕр кодтай, Кӕмӕ кастӕ ӕнӕввӕрсон цӕстӕй? Израилы Стыр Хуыцаумӕ.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Сымах сӕраппонд Ӕз Вавилонмӕ арвыстон тыхгӕнӕг ӕмӕ фӕлидзӕг кӕндзынӕн уе ’фхӕрджыты. Удаистӕй халдейӕгтӕ лидздзысты, ныр сӕ цины хъӕртӕ кӕцӕй хъуысынц, уыцы наутыл.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау. Уӕ балхӕнынӕн радтон Мысыр, ноджы ма — Эфиопи ӕмӕ Сева.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, йе Сфӕлдисӕг: «Мӕ адӕм цы бауыдзысты, уый тыххӕй Мӕ цы фӕрсут ӕмӕ Мын цы амонут, Мӕхи сфӕлдыстӕн цы кӕнон, уый?


Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».


Сымах фӕрцы Мӕ ныр базондзысты алы адӕмтӕ. Фӕдзурдзыстут, кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уын уӕхи чи нӕ зыдта, уыцы адӕмтӕм, ӕмӕ уӕм цӕудзысты ӕвӕстиатӕй, уымӕн ӕмӕ фендзысты, Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау, сымах куыд скадджын кодтон, уый».


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Уый денджызы сакъадӕхты цӕрджытӕн Ӕз сдӕн сӕ зӕрдӕдарӕн, се ’нхъӕлцау, ӕмӕ дын Таршишы наутӕ дардӕй ӕрбаласынц дӕ фыртты. Ноджы ма ӕрбаласынц ӕвзист, сыгъзӕрин, цӕмӕй Йӕ ном ссарой Дунедарӕгӕн — дӕ Хуыцауӕн, Израилы Стыр Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Уый скадджын кодта.


Фӕлӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй цӕстыты раз сӕ ракодтон, уыцы адӕмтӕ.


Сымах та, Израилы адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уӕ гуымирытӕм ацӕут ӕмӕ сын лӕггад кӕнут, кӕд Мӕнмӕ нӕ хъусут, уӕд, фӕлӕ Мын Мӕ уаз ном уӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ уӕ гуымирытӕй мауал фӕчъизи кӕнут.


Фӕлӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй ӕхсӕн цардысты, уыцы адӕмтӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыдоны раз раргом кодтон Мӕхи, Мысыры зӕххӕй сӕ ракӕныны охыл.


Ӕз ногӕй скадджын кӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты раз Мын кӕй фегад кодтат, Мӕ уыцы стыр ном. Ӕцӕгӕлон адӕмты раз уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд уыдон базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Ӕмӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ баззайа, уыдон базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, пырх цы уыд, уый ногӕй кӕй аразын ӕмӕ, гӕныстон цы уыд, уым бӕлӕстӕ кӕй садзын. Ӕз, Дунедарӕг, бакӕндзынӕн, цы загътон, уый».


Ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ адӕм Израилыл, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъау ныххуырсдзынӕ дӕхи. Уый уыдзӕни фӕстаг заман. Ӕз дӕ ракӕндзынӕн Мӕ бӕстӕйы ныхмӕ, Гог, цӕмӕй Мӕ ӕппӕт адӕмтӕ базоной, сӕ цӕстыты раз дын цы бакӕндзынӕн, уый фӕрцы сын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд.


Бирӕ адӕмты раз сын равдисдзынӕн Ме стырад ӕмӕ Мӕ уаз ном, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.


Уӕд Израилы адӕм базондзысты, ныр дӕр ӕмӕ фидӕнмӕ дӕр Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау кӕй дӕн, уый.


Фӕлӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр уацарӕй суӕгъд кӕндзынӕн Йаковы байзӕддаджы, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕппӕт Израилы адӕмӕн ӕмӕ Мӕ уаз ном фегад кӕнын нал бауадздзынӕн.


Кӕй кой уын кодтон, уыцы бон ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ