Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 39:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Тыгъд быдыры де сӕфт ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 39:5
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы заман Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕн уӕларвӕфсад дӕр ӕмӕ зӕххон паддзӕхты дӕр.


Хӕрӕгау ӕй баныгӕндзысты: аласдзысты йӕ ӕмӕ йӕ Йерусалимы кулдуарӕй фехсдзысты.


Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.


Нилы ӕппӕт кӕсӕгтимӕ дӕ фехсдзынӕн ӕдзӕрӕг ран, тыгъд быдыры, ӕмӕ дыл уым ничи бамӕт кӕндзӕн, ничи дӕ баныгӕндзӕн. Хъӕддаг сырдтӕн ӕмӕ мӕргътӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.


Ӕз дӕ тыгъд быдыры фехсдзынӕн зӕххыл, ӕмӕ-иу дыл ӕрбаддзысты алы тӕхгӕ мӕргътӕ, сӕхи дӕ ӕфсаддзысты алы хъӕддаг сырдтӕ.


Йӕ къӕдзӕхтӕ йын байдзаг кӕндзынӕн мӕрдтӕй. Карды амӕттаг-иу чи фӕуа, уыдон хаудзысты дӕ къуыбыртыл, дӕ дӕлвӕзты ӕмӕ де ’ппӕт мӕсчъыты.


Бабын уыдзынӕ Израилы хӕхтыл, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдонгтӕ дӕр, ноджы ма, демӕ цы адӕмтӕ рацыд, уыдон дӕр. Алы тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.


Ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, уыцы Магогы сахартӕ ӕмӕ денджызгӕрон сахартӕ арты амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ