Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 39:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Бабын уыдзынӕ Израилы хӕхтыл, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдонгтӕ дӕр, ноджы ма, демӕ цы адӕмтӕ рацыд, уыдон дӕр. Алы тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 39:4
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕларвӕфсады Бардарӕг басомы кодта: «Ӕз сараздзынӕн, цы сфӕнд кодтон, уый. Цы тӕрхон рахастон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.


Ассириӕгты ныддӕрӕн кӕндзынӕн Мӕ зӕххыл, бассӕнддзынӕн сӕ Мӕ хӕхтыл, ӕмӕ уӕд Мӕ адӕм сӕ бӕрзӕйӕ раппардзысты се ’фсондз, се уӕхсчытӕ фервӕздзысты сӕ уаргъӕй».


Цыппар хуызы сӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — карды цӕфӕй мӕлдзысты, куыйтӕ сӕ фӕйнӕрдӕм тондзысты, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ ныхъуырдзысты ӕмӕ сафдзысты.


Уыцы бон, Дунедарӕг кӕй амардзӕн, уыдоны мӕрдтӕ ӕгас зӕххыл лӕзӕрдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, ӕмӕ ныгӕд не ’рцӕудзысты, фаджысау зӕххыл баззайдзысты.


Нилы ӕппӕт кӕсӕгтимӕ дӕ фехсдзынӕн ӕдзӕрӕг ран, тыгъд быдыры, ӕмӕ дыл уым ничи бамӕт кӕндзӕн, ничи дӕ баныгӕндзӕн. Хъӕддаг сырдтӕн ӕмӕ мӕргътӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.


Фехъусын сын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: сомы кӕнын Мӕхицӕй: хӕлддзӕгты ’хсӕн чи цӕры, уыдон карды амӕттаг бауыдзысты; быдыры чи ис, уыдоны хъӕддаг сырдтӕн бахӕрын кӕндзынӕн, фидӕрттӕ ӕмӕ лӕгӕтты чи ис, уыдон та амӕлдзысты емынӕйӕ.


Йӕ къӕдзӕхтӕ йын байдзаг кӕндзынӕн мӕрдтӕй. Карды амӕттаг-иу чи фӕуа, уыдон хаудзысты дӕ къуыбыртыл, дӕ дӕлвӕзты ӕмӕ де ’ппӕт мӕсчъыты.


Ме ’ппӕт хӕхты чи цӕры, уыдоны дӕр Гогы ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн кӕрдтимӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — йӕ хӕстонтӕ сӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ сласдзысты.


Тыгъд быдыры де сӕфт ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Размӕ тӕхы бӕхӕфсад, цӕхӕртӕ калынц ӕрцытӕ, ӕрттивынц кӕрдтӕ. Цас мӕрдтӕ ис, цас! Мӕрдты кӕритӕ, ӕнӕнымӕц мӕрдтӕ! Адӕм сыл фӕкӕл-фӕкӕл кӕнынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ