1 Ды та, адӕймаг, Гогы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мешех ӕмӕ Тувалы барджын ӕлдар Гог, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ!
Дӕуыл ауды Дунедарӕг, Йӕ дӕлбазыр дӕ бакӕндзӕн, Уый лӕууы дӕ рахизфарс.
Уыцы заман Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕн уӕларвӕфсад дӕр ӕмӕ зӕххон паддзӕхты дӕр.
Йаван, Тувал ӕмӕ Мешехы цӕрджытӕ базар кодтой демӕ, дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дын лӕвӕрдтой сӕ цагъарты, стӕй се ’рхуы мигӕнӕнтӕ.
Уым — Мешех ӕмӕ Тувал се ’ппӕт ӕрдонгтимӕ, сӕ алыварс — сӕ цыртытӕ; иууылдӕр — ӕнӕсунӕттӕ, карды амӕттӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕлӕуыл ӕвирхъау тас ӕфтыдтой цардудтыл.
Фехъусын ын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Сеир! Мӕ къух дӕм сисдзынӕн ӕмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.
Дунедарӕг мын загъта:
Фездахдзынӕн дӕ ӕмӕ дӕ ракӕндзынӕн дард цӕгатӕй, Израилы хӕхтӕм дӕ ӕркӕндзынӕн.
Уыцы бон Ӕз быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон хилӕгойты адӕмимӕ бафидауын кӕндзынӕн; уыцы зӕххыл кард, ӕрдын ӕмӕ хӕстӕн сӕ кой дӕр фесафдзынӕн, ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕз дӕ ныхмӕ сыстадтӕн! Дӕ тохуӕрдӕттӕ дын арты фӕздӕджы басудздзынӕн, дӕ лӕппынты дын кардӕй ныццӕгъдын кӕндзынӕн, де ’фтиӕгтӕ дын иууылдӕр фесафдзынӕн зӕххыл! Дӕ минӕвӕрттӕ дын дунейыл дӕ кады хабӕрттӕ нал айхъуысын кӕндзысты.
дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгомы онг сфӕлдахдзынӕн, адӕмтӕн дӕ равдисдзынӕн бӕгънӕгӕй, дӕ худинаг дын паддзахӕдтӕн фенын кӕндзынӕн.
Уыдон рацыдысты ӕппӕт зӕххыл ӕмӕ ӕртыхстысты, сыгъдӕджытӕ кӕм цардысты, уыцы бынатыл — Йӕ уарзон сахарыл.