6 Ноджы ма демӕ рацӕудзӕни бирӕ хӕстон адӕмтӕ дард цӕгатӕй: Гомеры ӕппӕт ӕфсӕдтӕ ӕмӕ Бет Тогармайы ӕппӕт ӕрдонгтӕ.
Тогармайы сӕудӕджертӕ-иу дын уӕрдоныл ифтындзгӕ ӕмӕ саргъы бӕхтӕ ӕрбаластой.
Уым дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц цӕгаты барджын ӕлдӕрттӕ иууылдӕр, стӕй ӕппӕт сидойнӕгтӕ. Уыдон дӕр — хъӕбатыр хӕстонтӕ, уӕлӕуыл цардудтыл ӕфтыдтой стыр тас ӕмӕ, кӕй амардӕуыд, уыдонимӕ ныццыдысты дӕлдзӕхмӕ, уым, карды амӕттаг чи баци, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг.
Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.