Езекиел 38:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст4 Фездахдзынӕн дӕ, де ’фсӕрыл дын бакӕндзынӕн цӕг ӕмӕ дын ракӕндзынӕн дӕхи дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕфсад дӕр, ӕд барджытӕ ӕмӕ ӕд уӕрдонджынтӕ, тынг бирӕ ӕфсад, уе ’ппӕт дӕр алы хотыхтӕй ифтонг, уыимӕ уӕм — рог ӕмӕ уӕззау уартытӕ, уе ’ппӕтмӕ дӕр — кӕрдтӕ. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Амациа ӕрӕмбырд кодта Иудейы цӕрджыты, Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр. Мыггаггай сӕ скодта ӕфсад ӕмӕ сын сӕ сӕргъы миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕутты сӕвӕрдта. Ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыдоны банымадта, ӕмӕ йӕм разындис ӕртӕсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны — хӕстмӕ цӕуынхъом чи уыди, стӕй арц ӕмӕ уартӕй хӕцынмӕ чи арӕхстис, ахӕмтӕ.