Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 38:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Бирӕ адӕмты раз сын равдисдзынӕн Ме стырад ӕмӕ Мӕ уаз ном, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 38:23
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.


Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.


Уымӕ гӕсгӕ Дын кад кӕндзысты хъомысджын адӕмтӕ, ӕгъатыр адӕмты сахартӕ аргъуыц кӕндзысты Дӕ разы.


Хӕрздӕф будау Мын суыдзыстут ӕхцон, цы адӕмтӕ ӕмӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй уӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд; афтӕ Ӕз ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый.


Израилы зӕхмӕ уӕ куы бакӕнон, уӕ фыдӕлтӕн, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, сомы кӕмӕй ракодтон, уыцы зӕхмӕ, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Зӕгъ ын Мӕ номӕй: „Мӕхи дыл ныххуырсдзынӕн, Сидон, ӕмӕ дӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Мӕ тӕрхоны амӕттаг уӕ куы бакӕнон ӕмӕ уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Израилы адӕм цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу сты, уырдыгӕй сӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд сын уыцы адӕмты раз раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном, ӕмӕ ногӕй ӕрцӕрдзысты, кӕддӕр Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, ууыл.


Ӕз ногӕй скадджын кӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты раз Мын кӕй фегад кодтат, Мӕ уыцы стыр ном. Ӕцӕгӕлон адӕмты раз уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд уыдон базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Ӕцӕгӕлон адӕмтӕ куы феной, Мӕ Кувӕндон Израилы астӕу сӕвӕрдтон, уый, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы адӕмы Йӕхицӕн уаз Чи кӕны, Уый“».


Нуӕрттӕй уӕ бамбӕрздзынӕн, буар уыл ӕрзайын кӕндзынӕн, уый уӕлӕ та — царм; царды комулӕфт уын ратдзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ адӕм Израилыл, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъау ныххуырсдзынӕ дӕхи. Уый уыдзӕни фӕстаг заман. Ӕз дӕ ракӕндзынӕн Мӕ бӕстӕйы ныхмӕ, Гог, цӕмӕй Мӕ ӕппӕт адӕмтӕ базоной, сӕ цӕстыты раз дын цы бакӕндзынӕн, уый фӕрцы сын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд.


Бӕстӕйы адӕм сӕ се ’ппӕт дӕр ныгӕндзысты, ӕмӕ Ӕз скадджын уыдзынӕн уыцы бон, скадджын уыдзысты Мӕ адӕм дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Ӕз Мӕ кад раргом кӕндзынӕн адӕмтӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты Мӕ тӕрхон, Мӕ къухы уӕз Мын бавзардзысты сӕхиуыл.


Мӕ адӕм Израилӕн раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фегад кӕнын нал бауадздзынӕн. Уӕд адӕмтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Уаз Хуыцау, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ