18 Фӕлӕ Гог Израилы ныхмӕ куы рацӕуа, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уыцы бон пиллон артау ссудздзӕни Мӕ маст.
Мӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕ, мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, ӕхсызгон уӕнт Дӕуӕн, Дунедарӕг! Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
Уӕд уыл адӕмтӕ нал худдзысты, фидистӕ уын нал кӕдзысты ӕмӕ уӕ адӕмы зӕйц дӕр нал сафдзыстут уӕдӕй фӕстӕмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Дунедарӕг у ӕнувыддзинад домӕг ӕмӕ мастисӕг Хуыцау, Йӕ маст Ын бауромӕн нӕй. Дунедарӕг Йӕ маст райсы Йе знӕгтӕй, йӕ фыдгултӕн нӕ ныббары.
Уымӕн ӕмӕ Мӕ маст афтӕ фыцы, ӕмӕ йӕ пиллон арт мӕрдтыбӕсты тарфмӕ дӕр ӕнхъӕвзы, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныхъуыры, хохрӕбынтӕ арауы.
Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау пиллон арт у.