Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 38:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Сава, Дедан ӕмӕ дын Таршишы ӕппӕт сӕудӕджертӕ зӕгъдзысты: ‚Ӕгъа! Ды ӕрцыдтӕ бастигъынмӕ, де ’фсад ӕрӕмбырд кодтай стыр ӕфтиаг ратӕлӕт кӕнынмӕ, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, фос ӕмӕ ӕндӕр мулк рассивынмӕ, цӕмӕй сафтид кӕнай бӕстӕ‘“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 38:13
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Демӕ базар кодтой Деданы сӕудӕджертӕ дӕр, стӕй денджызгӕрон сахартӕй бирӕтӕ. Ӕрбаластой-иу дын пылыстӕг ӕмӕ сау хъӕдӕрмӕг.


«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“.


Таршишаг наутӕ дын систы сӕудӕджергӕнӕг чырӕтӕ. Тынг сбонджын ӕмӕ скадджын дӕ ды денджызы астӕу.


Деданы цӕрджытӕ дын уӕй кодтой зынаргъ базӕмбӕрзӕнтӕ саргъы бӕхты рӕвдзӕн.


Дӕ исбонӕн ныккӕнӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ дын Таршишы сахар дӕ базайрӕгты сӕрмӕ лӕвӕрдта ӕвзист, ӕфсӕйнаг, къала ӕмӕ зды.


Уымӕ гӕсгӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ ӕмӕ йын ныццӕгъддзынӕн йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр, йӕхи та йын ныггӕныстон кӕндзынӕн. Теманӕй Деданы онг карды амӕттаг бауыдзысты иууылдӕр.


Йӕ цӕрджытӕ домбӕйттау иууылдӕр иумӕ ныббогъ кӕндзысты, домбайы лӕппынтау рыхдзысты.


Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.


Фыййӕуттӕн сӕ кӕуын хъуысы — сафтид сты сӕрвӕттӕ! Сӕ рыхын хъуысы домбӕйтты лӕппынтӕн: Иордан сӕрыстыр цы дӕлвӕзӕй уыд, уым иунӕг бӕлас нал баззад.


Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта.


Дӕ мулк ӕмӕ дӕ хӕзнатӕ дын Ӕз абырджытӕн бастигъын кӕндзынӕн, дӕ алы зӕххы хайыл дӕр кӕй фӕкодтай, уыцы ’ппӕт тӕригъӕдты тыххӕй.


Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ галиу фӕндагыл лӕууынц, сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.


Нӕ бӕстӕ у денджызы науау, йӕ бӕндӕнтӕ — лӕмӕгъ, сӕ бон нал у наухъилтӕ бауромын, наупӕлӕзтӕ ныттынг кӕнын. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ, фыдгултӕй цы бирӕ фӕллой баззайа, уый дихгонд ӕрцӕудзӕн нӕ адӕмыл, суанг ма къуылыхтӕ дӕр райсдзысты се ’фтиаджы хай.


Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджыты уын иудейӕгты къухтӕм ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уыдон савайӕгтӕн, уӕ зӕххӕй дард цы адӕм цӕрынц, уыдонӕн ауӕй кӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ