1 Дунедарӕг мын загъта:
Иумӕ абырсдзысты ныгуылӕнӕрдӕм, филистимӕгты бӕстӕм, бастигъдзысты скӕсӕны адӕмты. Едом ӕмӕ Моавы бӕстӕтыл ӕрӕвӕрдзысты сӕ бархъомыс. Аммонӕгтӕ сын дӕлбариуӕг кӕндзысты.
Уыцы заман Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕн уӕларвӕфсад дӕр ӕмӕ зӕххон паддзӕхты дӕр.
Ӕцӕгӕлон адӕмтӕ куы феной, Мӕ Кувӕндон Израилы астӕу сӕвӕрдтон, уый, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы адӕмы Йӕхицӕн уаз Чи кӕны, Уый“».
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз Магогы зӕххыл цӕрӕг Гогмӕ, Мешех ӕмӕ Тувалы барджын ӕлдармӕ, ӕмӕ йын пехуымпар ныхас фехъусын кӕн.
Ды та, адӕймаг, Гогы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мешех ӕмӕ Тувалы барджын ӕлдар Гог, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ!
Уыцы бон Йерусалим ӕппӕт адӕмтӕн уӕззау дуры хуызӕн суыдзӕни; сисыныл ӕй чи архайа, уыдон тыхсаст фӕуыдзысты, афтӕмӕй йӕ ныхмӕ та ӕрӕмбырд уыдзысты ӕгас зӕххы адӕмтӕ.
Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ дзы дон нал баззад — афтӕмӕй паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг байгом ис.
Уыдон рацыдысты ӕппӕт зӕххыл ӕмӕ ӕртыхстысты, сыгъдӕджытӕ кӕм цардысты, уыцы бынатыл — Йӕ уарзон сахарыл.