9 Дӕ сӕфты хабар дын куы айхъуысын кӕнон, уӕд ӕвирхъау тасы бацӕудзысты бирӕ адӕмтӕ, суанг йӕ кой кӕмӕн никуы фехъуыстай, уыдон дӕр.
Уыдӕттӕ фехъуыстой алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц! Филистимы цӕрджыты стыр тас бацыд,
Наутӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр рахиздзысты сӕ наутӕй — денджызонӕй, наутӕрӕгӕй зӕххыл ӕрлӕудзысты.
Чи дӕ зыдта, уыдон стыр тасы бафтдзысты, дӕ азармӕ кӕсгӕйӕ. Дӕ хъысмӕт алкӕуыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, бабын уыдзынӕ мыггагмӕ“».
Дыууиссӕдз азы дӕргъы уыдзӕни ӕдзӕрӕг йӕ алыварс бӕстӕтау, йӕ сахартӕ дӕр — гӕныстон, йӕ алыварс бӕстӕты сахартау. Ӕз мысырӕгты алы бӕстӕты, алы адӕмтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн.
Ӕз мысырӕгты ныххӕлиу кӕндзынӕн алы бӕстӕтыл, алы адӕмтыл.
Мысырӕгты алы бӕстӕты, алы адӕмтыл ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Уыцы бон наутыл фидиуджытӕ арвитдзынӕн, цӕмӕй ӕнӕмӕт эфиопӕгты стыр тасы бафтауой. Ӕмӕ Мысырӕн йе сӕфты бон куы ралӕууа, уӕд эфиопӕгтӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты. Уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕн!»
Муртаттӕгты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн — хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн — фиддон раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг».