8 Дӕ сӕрмӕ арвыл цыдӕриддӕр рухсгӕнӕнтӕ ис, уыдон батар кӕндзынӕн ӕмӕ зӕххыл саудалынг бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ — бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕг ӕмгъуыдтӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн.
Уый куынӕ зӕгъа, уӕд хур не скӕсдзӕн, стъалытӕ гуыдырӕвӕрдӕй баззайдзысты.
Моисей йӕ къухтӕ сдардта арвмӕ, ӕмӕ Мысыры ӕртӕ боны хуры цӕст нал разынд.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ’лгъиты, уымӕн саудалынджы йӕ царды рухс ахуысдзӕн.
Уӕд хур, мӕй ӕмӕ стъалыты рухс нал фендзынӕ, къӕвда нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ фӕстӕмӕ мигътӕй дӕхи ӕмбӕхсдзынӕ.
Стъалытӕ ӕмӕ стъалыгуыппартӕ нал ратдзысты сӕ рухс. Хур, куыддӕр скӕсӕнӕй йӕ цӕст сдара, афтӕ ахуысдзӕн, мӕйы цӕст бакуырм уыдзӕн.
Стъалытӕ бастъӕлдзысты, уӕлӕрвтӕ батымбыл уыдзысты тухгӕ чиныгау, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ӕрызгъӕлдзысты, сӕнӕфсир ӕмӕ легъуийы хус сыфтӕрау.
Арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ ныттар уыдзысты.
Уыцы бон бӕстӕ баталынг уыдзӕн, рухсгӕнӕнтӕ фӕцыдӕр уыдзысты.