7 Куы бабын уай, уӕд Ӕз сӕхгӕндзынӕн арв, стъалытӕ бамынӕг кӕндзынӕн, хур мигъы аууон бакӕндзынӕн, ӕмӕ мӕй дӕр нал ратдзӕн йӕ рухс.
Уый куынӕ зӕгъа, уӕд хур не скӕсдзӕн, стъалытӕ гуыдырӕвӕрдӕй баззайдзысты.
Рӕстгӕнджыты рухс хъӕлдзӕгӕй судзы, фыдгӕнджыты цырагъ та мынӕг кӕны.
Уӕд хур, мӕй ӕмӕ стъалыты рухс нал фендзынӕ, къӕвда нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ фӕстӕмӕ мигътӕй дӕхи ӕмбӕхсдзынӕ.
Стъалытӕ ӕмӕ стъалыгуыппартӕ нал ратдзысты сӕ рухс. Хур, куыддӕр скӕсӕнӕй йӕ цӕст сдара, афтӕ ахуысдзӕн, мӕйы цӕст бакуырм уыдзӕн.
Стъалытӕ бастъӕлдзысты, уӕлӕрвтӕ батымбыл уыдзысты тухгӕ чиныгау, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ӕрызгъӕлдзысты, сӕнӕфсир ӕмӕ легъуийы хус сыфтӕрау.
Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.
Тахпанхесы сахары мидӕг Мысыры ӕфсондз куы ныппырх кӕнон, уӕд уым батар уыдзӕни бон. Мысыр сӕрыстыр кӕмӕй у, йӕ уыцы хъомысӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн. Мигъы бын фӕуыдзӕни Мысыр, йӕ сахарты адӕм та бахаудзысты уацары.
Ӕрӕввахс ис сау бон! Хуыцауы тӕрхоны бон, сау бон ӕрӕввахс, адӕмтӕн сӕ азары бон ӕрхӕццӕ кӕны!
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Бӕлас мӕрдтыбӕстӕм куы ныххызт, уӕд ыл Ӕз бахъынцъым кӕнын кодтон ӕгӕрон фурд. Сӕхгӕдтон ӕй, бацауӕзтон ын йӕ цӕугӕдӕттӕ, ӕрлӕууын кодтон стыр дӕттӕ ӕмӕ Ливанӕн ацы бӕласыл сау дарын бафӕдзӕхстон. Хъыг ыл кодтой хъӕды иннӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.
Фыййау, чи ныххӕлиу, йӕ уыцы фосы дзуг ногӕй куыд банымайы, афтӕ Ӕз дӕр банымайдзынӕн Мӕ фос, суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, сау ӕмӕ мигъдзаст бон сӕ кӕдӕм фӕтардӕуыд, уыцы рӕттӕй.
Арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ ныттар уыдзысты.
Уыцы бон талынг, мигъ ӕмӕ асӕст у. Ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм сӕуӕхсидау апырх уыдзысты хӕхтыл. Ӕнусты райдианӕй ахӕм адӕм никуы уыдис ӕмӕ нӕ уыдзӕн.
Хур баталынг уыдзӕн, мӕй туджы хуызӕн суыдзӕн Дунедарӕджы стыр ӕмӕ ӕвирхъау Боны размӕ.
Хур ӕмӕ мӕй рухс нал ратдзысты, стъалытӕ нал сӕрттивдзысты.
Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — хур аныгуылын кӕндзынӕн ӕмбисбон, райдзаст бонастӕу зӕхх баталынг уыдзӕн.
Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд хур баталынг уыдзӕни, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.
Уӕд, уыцы бӕллӕхты фӕстӕ, „хур аныгуылдзӕн ӕмӕ мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс,
Хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл ӕнахуыр диссӕгтӕ уындзысты, зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, абухгӕ денджызы уынӕрӕй сӕргой фӕуыдзысты.
Цыппӕрӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стӕй стъалыты ӕртыццаг хай ныттар ис. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны, стӕй ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг.