6 Зӕхх бафсаддзынӕн дӕ тугӕй, уый анхъӕвздзӕни суанг хӕхты онг, байдзаг дзы уыдзысты мӕсчъытӕ.
ӕмӕ дын афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕдӕ ныртӕккӕ базондзынӕ, Дунедарӕг Чи у, уый. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз мӕнӕ Нилы дон ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ туг фестдзӕни.
Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты уӕлӕуыл ӕмӕ сысмаг уыдзысты, хӕхтӕ ныуудӕсдзысты сӕ туджы.
Семӕ афӕлдӕхдзысты хъӕддаг галтӕ дӕр, родтӕ ӕмӕ хъомылтӕ. Зӕхх ныддымсдзӕни сӕ тугӕй, ныттыппыр уыдзӕни сӕ фиуӕй.
Ӕмӕ сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — дӕ туджы дӕ фӕмӕцын кӕндзынӕн, тугисджытӕ зилдзысты дӕ фӕдыл. Туг ныккалынмӕ ӕмхиц кӕй уыдтӕ, уый тыххӕй дын дӕхи туг дӕр ӕрцагуырдӕуыдзӕн.
Йӕ къӕдзӕхтӕ йын байдзаг кӕндзынӕн мӕрдтӕй. Карды амӕттаг-иу чи фӕуа, уыдон хаудзысты дӕ къуыбыртыл, дӕ дӕлвӕзты ӕмӕ де ’ппӕт мӕсчъыты.
Ӕмӕ сӕнӕфсиры гагатӕ лӕмӕрст ӕрцыдысты, фӕссахар цы сӕндуцӕн уыд, уым; сӕндуцӕнӕй туг ракалд ӕмӕ хӕрдмӕ бӕхы рохты онг фӕцыди, йӕ дӕргъ та анхъӕвзта мин ӕхсӕзсӕдӕ стадийы онг.
Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты».