5 Дӕ холыйы фыд дын ныппырх кӕндзынӕн хӕхтыл, байдзаг дзы кӕндзынӕн дӕлвӕзтӕ.
Акъуырдтой йӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕ, адӕмты фыддӕртӕ, ӕмӕ йӕ афӕлдӕхтой хӕхтыл. Ӕппӕт дӕлвӕзтыл адӕргъ сты йӕ къабузтӕ, йӕ къалиутӕ ныппырх сты ӕппӕт мӕсчъытыл. Йӕ аууоны цы знӕмтӕ царди, уыдон ӕй ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.
Йӕ къӕдзӕхтӕ йын байдзаг кӕндзынӕн мӕрдтӕй. Карды амӕттаг-иу чи фӕуа, уыдон хаудзысты дӕ къуыбыртыл, дӕ дӕлвӕзты ӕмӕ де ’ппӕт мӕсчъыты.
Бабын уыдзынӕ Израилы хӕхтыл, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдонгтӕ дӕр, ноджы ма, демӕ цы адӕмтӕ рацыд, уыдон дӕр. Алы тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.