3 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: бирӕ адӕмты раз дыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕмӕ дӕ уыдон ӕрцахсдзысты Мӕ хызы.
Денджыз дӕн ӕви фурды залым дӕн, мыййаг, хъахъхъӕнджытӕ мын цы сӕвӕрдтай?
Адӕймаг, йӕ царды ӕвзӕр рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕнис, уый нӕ фӕзоны. Кӕсаг ахсӕн хызы куыд бахауы, маргъ — къӕппӕджы, афтӕ адӕймаджы ӕвиппайды къӕппӕгмӕ басайынц, ӕмӕ йыл фыдбылыз ӕрцӕуы.
Ӕз арвитдзынӕн бирӕ кӕсагахсджыты, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ уыдон кӕсӕгтау ахсдзысты. Уый фӕстӕ арвитдзынӕн бирӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ уыдон алы хох ӕмӕ алы къуыбырӕй, къӕдзӕхты алы лӕгӕтӕй сурдзысты.
Уӕларвӕй мыл ӕруагъта арт. Уӕ, судзы мӕ! Мӕ размӕ мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдта. Уӕ, лидзӕг мӕ фӕкодта! Уӕ, мӕнӕ фыр тӕссӕй куы бандзыг дӕн, куы кӕлы алы бон мӕ туг!
Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн.
Мӕ ахсӕн хыз ыл баппардзынӕн, ӕмӕ бахаудзӕн Мӕ къӕппӕджы, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕрбакӕндзынӕн Вавилонмӕ ӕмӕ йын стӕрхон кӕндзынӕн, йӕ зӕрдӕ Мыл кӕй сивта, уый тыххӕй.
Куы араст уой, уӕд сыл Ӕз Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, уӕларвон мӕргътау сӕ расхойдзынӕн дӕлӕмӕ; бафхӕрдзынӕн сӕ, дзыллӕйы раз сын куыд загъдӕуыди, афтӕ.