Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 32:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 32:2
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудӕ — домбайы лӕппын; дӕ амӕттагыл уӕлахиз кӕныс, мӕ фырт. Уый йӕхи ӕруадзы домбайау, мадӕл домбайау зӕххыл ӕрхуыссы — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын?


Хуыдым рафыцын кӕны агау, фыцгӕ сойы аг фестын кӕны денджыз.


Денджыз дӕн ӕви фурды залым дӕн, мыййаг, хъахъхъӕнджытӕ мын цы сӕвӕрдтай?


Ӕнӕхуыцауы раз фыр тӕссӕй чи ризы, уыцы рӕстуд у чъизи донгуырӕны, змӕст суадоны ’нгӕс.


Рыхӕг домбай кӕнӕ хъӕхъхъаг арс — ӕвзӕр хицау дӕр мӕгуыр адӕмӕн уыдоны ’нгӕс у.


сырдтӕн сӕ тыхджындӕр — домбай, йӕ разӕй фӕндаг никӕмӕн ратдзӕн;


Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.


Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.


Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Уый Нилы донау чи ссӕуы? Йӕ уылӕнтӕ кӕмӕн гуылф кӕнынц фурдау?


Мысыр хӕрдмӕ фӕцыди Нилау, йӕ уылӕнтӕ гуылф кӕнынц фурды донау. Уый загъта: «Хӕрдмӕ фӕцӕудзынӕн, ӕгас зӕхх ӕрӕмбӕрздзынӕн, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ бабын кӕндзынӕн!»


Рӕвдздӕр ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ ныл ныхъхъарӕг кӕнӕнт, нӕ цӕссыг цӕстытӕй куыд фемӕхса ӕмӕ фыр куыдӕй суадӕттау куы акӕла, афтӕ!


Сисдзысты дыл хъарӕг: „Уӕ, куыд бабын дӕ, кадджын сахар, денджызонты цӕрӕн бынат! Денджызы астӕу хъомысджын куы уыдтӕ — цы дӕхӕдӕг, цы дӕ цӕрджытӕ. Денджызгӕрон адӕмтӕ ӕмризӕджы куы рызтысты дӕ разы.


Адӕймаджы фырт! Ды дӕр ныхъхъарӕг кӕн Тирыл!


Сӕ сӕфты бон дыл сисдзысты хъарӕг: „Фурды астӕу Тиры хуызӕн чи бабын ис!“


«Адӕймаджы фырт! Хъарӕг кӕн Тиры паддзахыл ӕмӕ йын фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Алцӕмӕй ӕххӕст уыдтӕ ды, ӕвидигӕ — дӕ уӕлзонд, тӕмӕнкалгӕ — дӕ фидауц.


Сӕ паддзахад иннӕ паддзахӕдтӕй уыдзӕни лӕмӕгъдӕр, ӕмӕ уӕд иннӕ адӕмтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй нал кӕсдзысты. Ӕз сӕ ӕрӕлхъивдзынӕн, цӕмӕй иннӕ адӕмты мауал ӕфхӕрой.


Фехъусын ын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фараон, Мысыры паддзах, стыр кӕфхъуындар, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ! Нилы донӕфтӕны бадыс ӕмӕ дзурыс, ай мӕ цӕугӕдон у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.


Уӕд скӕндзысты хъарӕг, ӕмӕ-иу уыцы хъарӕг сисдзысты алы адӕмты сылгоймӕгтӕ. Хъарӕг кӕндзысты Мысырыл ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау».


«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн, ныронг чи фӕмарди, уыдонау дӕлдзӕхмӕ ныххауинӕгтыл — Мысыры адӕмыл ӕмӕ иннӕ хъомысджын адӕмты чызджытыл.


Сойджын сӕрвӕты кӕй хизут, уый сымах фагыл нӕ нымайут ӕмӕ йын йӕ уӕлдай ссӕндут уӕ къӕхтӕй; сымах нуазут сыгъдӕг дон, йӕ уӕлдай та йын змӕнтут уӕ къӕхтӕй,


Сава, Дедан ӕмӕ дын Таршишы ӕппӕт сӕудӕджертӕ зӕгъдзысты: ‚Ӕгъа! Ды ӕрцыдтӕ бастигъынмӕ, де ’фсад ӕрӕмбырд кодтай стыр ӕфтиаг ратӕлӕт кӕнынмӕ, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, фос ӕмӕ ӕндӕр мулк рассивынмӕ, цӕмӕй сафтид кӕнай бӕстӕ‘“.


Йӕхи ӕруагъта зӕххыл, домбайау ӕрхуыссыд — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын? Дӕуӕн арфӕ чи ракӕна, уый арфӕгонд у, чи дӕ фелгъита — ӕлгъыст».


Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ