Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 32:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Тыхгӕнджыты кардӕй бабын уыдзысты дӕ адӕм. Уыдон сты адӕмты фыддӕртӕ ӕмӕ бабын кӕндзысты Мысыры ӕфсад, сӕрыстыр кӕмӕй у, уый. Йӕ адӕм иууылдӕр цагъды фӕуыдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 32:12
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ худинаг ӕппӕт адӕмтыл айхъуыст, дӕ хъӕр ӕгас зӕххыл дӕр хъуысы. Дӕ хӕстонтӕй иу иннӕуыл фӕкалди, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕрхаудысты.


Чи дӕ зыдта, уыдон стыр тасы бафтдзысты, дӕ азармӕ кӕсгӕйӕ. Дӕ хъысмӕт алкӕуыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, бабын уыдзынӕ мыггагмӕ“».


уый тыххӕй дын Ӕз дӕ ныхмӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕндӕрбӕстӕгты, адӕмты фыддӕрты, ӕмӕ уыдон сласдзысты сӕ кӕрдтӕ дӕ цӕхӕркалгӕ уӕлзондмӕ ӕмӕ дын фегад кӕндзысты дӕ диссаджы фидауц.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: мӕнӕ Ӕз Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн Мысыры зӕхх дӕттын. Йӕ бирӕ исбон ын байсӕд ӕмӕ йӕ ныххӕлӕттаг кӕнӕд, бастигъӕд ӕй — йе ’фсадӕн уый уыдзӕни йӕ хӕрзиуӕг.


Уый йӕ адӕмимӕ, адӕмты фыддӕртимӕ, ӕрбацӕудзӕни Мысыры зӕхх бабын кӕнынмӕ. Сӕ кӕрдтӕ сласдзысты Мысырмӕ ӕмӕ йын йӕ зӕхх мӕрдты бын фӕкӕндзысты.


уый тыххӕй йӕ Ӕз радтон адӕмты паддзахы къухтӕм, ӕмӕ йын уый бакодта, куыд ын хъуыди, афтӕ. Ӕз ыл Мӕхи атигъ кодтон йе ’наккаг миты аххосӕй.


Акъуырдтой йӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕ, адӕмты фыддӕртӕ, ӕмӕ йӕ афӕлдӕхтой хӕхтыл. Ӕппӕт дӕлвӕзтыл адӕргъ сты йӕ къабузтӕ, йӕ къалиутӕ ныппырх сты ӕппӕт мӕсчъытыл. Йӕ аууоны цы знӕмтӕ царди, уыдон ӕй ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.


«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн, ныронг чи фӕмарди, уыдонау дӕлдзӕхмӕ ныххауинӕгтыл — Мысыры адӕмыл ӕмӕ иннӕ хъомысджын адӕмты чызджытыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ