Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 32:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Фыд тас сыл бахӕцдзӕн, сӕ паддзӕхтӕ дӕр фыр тӕссӕй риздзысты, Мӕ кардӕй сӕм куы февзидон, уӕд. Дӕ сӕфты бон сӕ алчидӕр тӕрсдзӕни йӕ удӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 32:10
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Денджызгӕрон сахартыл ӕвирхъау тас куы бахӕцыд, куы ныккӕрзыдтой паддзӕхтӕ, сӕ цӕсгомы хуыз куы фӕцыд.


Бӕстыхицӕуттӕ рахиздзысты сӕ бадӕнтӕй, раппардзысты сӕ пӕлӕзтӕ, раласдзысты сӕ нывӕфтыд дарӕстӕ. Ризӕг сыл бахӕцдзӕн, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрбаддзысты зӕххыл ӕмӕ алы уысм дӕр стъӕлфдзысты, ӕвирхъау тас сыл бафтаудзӕни дӕ хъысмӕт.


Йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ, стыр тасы бацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ ӕрцыди дӕ азар!»


Дзыназ, кипарис: ӕрхауди кедр, акалдысты уӕйгуытӕ! Ныдздзыназут, Башаны тулдзтӕ — тар хъӕд акалдӕуыд йӕ рӕбынӕй!


Уыцы бон наутыл фидиуджытӕ арвитдзынӕн, цӕмӕй ӕнӕмӕт эфиопӕгты стыр тасы бафтауой. Ӕмӕ Мысырӕн йе сӕфты бон куы ралӕууа, уӕд эфиопӕгтӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты. Уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕн!»


«Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис».


Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн дӕр-иу йӕ цурты чи рацӕуа, уый-иу сагъдауӕй аззайдзӕн, стӕй-иу фехситт кӕндзӕн ӕмӕ бафӕрсдзӕн, ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг цӕй тыххӕй афтӕтӕ бакодта, зӕгъгӕ.


Мӕ цӕхӕркалгӕ кард куы сцыргъ кӕнон ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ куы бавналон, уӕд Ме знӕгтӕн аккаг фӕуыдзынӕн, Мӕ фыдгултӕн схос кӕндзынӕн.


Ӕппӕт адӕмтӕ зӕгъдзысты: „Дунедарӕг ацы бӕстӕйӕн афтӕтӕ цӕмӕн бакодта? Уый бӕрц ӕм цӕуыл ссыгъд Йӕ маст?“


Йӕ лӕдзӕджы алы цӕфимӕ дӕр айзӕлдзӕни далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд. Дунедарӕг Ассирийы ныхмӕ схӕцдзӕни Йӕхӕдӕг ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕндзӕни.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ