3 Бакӕс-ма Ассиримӕ — ливайнаг кедрмӕ; уыд аууондар, йӕ къабузтӕ — рӕсугъд, бӕрзонд — йӕ зӕнг, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл ныдзӕвыд.
Ноджы ма ӕз мӕ хуыссӕнуаты фыны федтон: уӕларвӕй ӕрцӕйцыди Уаз Хъахъхъӕнӕг
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз ратондзынӕн бӕрзонд кедры цъупп, йӕ уӕллаг къалиуты ӕвзонгдӕр, ӕмӕ йӕ ныссадздзынӕн бӕрзонд ӕмӕ цытджын хохыл.
Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты ’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты».
Дзыназ, кипарис: ӕрхауди кедр, акалдысты уӕйгуытӕ! Ныдздзыназут, Башаны тулдзтӕ — тар хъӕд акалдӕуыд йӕ рӕбынӕй!
Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн, Ниневийы сахар дурты кӕри, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.
Ӕрмӕстдӕр ын йӕ бындзӕфхад зӕххы, быдыры кӕрдӕджы астӕу ныууадзут — ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуы рӕхысты. Йӕхи ӕхсӕд ӕрвон ӕртӕхӕй, цӕрӕд сырдтимӕ, адӕймаджы сӕрызондӕй ӕнӕхай фӕуӕд,
Мӕрдтыбӕстӕм ӕй куы ныппӕрстон, ингӕнтӕм чи ныххызти, уыдонмӕ, уӕд йӕ афӕлдӕхты уынӕрӕй нынкъуысыдысты адӕмтӕ, дӕлдзӕхы та ныццин кодтой Едемы ӕппӕт бӕлӕстӕ, стӕй Ливаны кӕддӕры донӕфсӕст ӕвзаргӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.
Алы мӕргътӕ-иу йӕ къалиутыл ахстӕттӕ сбыдтой, йӕ къабузты бын-иу сӕ зӕйц рауагътой алы сырдтӕ, йӕ аууоны-иу ӕрбынат кодтой алы стыр знӕмтӕ.
Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.
Ахӕм адӕймаг, донбыл сагъд бӕласау ауадзы йӕ уидӕгтӕ, ӕнтӕф заман кӕй ралӕудзӕн, уымӕй нӕ тӕрсы, йӕ сыфтӕр кӕддӕриддӕр — цъӕх. Хусрӕстӕгӕй йын тас нӕу, никуы баззайы ӕнӕ дыргъӕй.
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз бафхӕрдзынӕн вавилойнаг паддзахы, стӕй йӕ бӕстӕ дӕр, Ассирийы паддзахы куыд бафхӕрдтон, афтӕ.
Йӕ къалиутӕ — фидар, паддзӕхты лӕдзгуытӕн дӕр бӕззыдысты. Йӕ зӕнг ӕврӕгъты онг схӕццӕ, ӕд бирӕ къабузтӕ фӕлгӕсыди бӕрзондӕй.
О, ацы бӕлас басгуыхти бӕрзонддӕр, стӕй къабузджындӕр хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕй, йӕ къалиутӕ дӕр донӕфсӕстӕй райрӕзтысты.
Хуыцауы дыргъдоны кедрты цур дӕр йӕ хуыз нӕ тар кодта. Нӕ уыдысты йӕ къалиуты фидауцӕн кипаристӕ, йӕ къабузты ставдӕн — тӕрс бӕлӕстӕ. Хуыцауы дыргъдоны бӕлӕсты астӕу йӕ рӕсугъдӕн ӕмбал нӕ уыди.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Бӕрзонд кӕй сырӕзыд, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл кӕй ӕндзӕвыд ӕмӕ йе стырадӕй кӕй схъал,
Уымӕн ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕ, йӕ аууоны чи цард адӕмты ’хсӕн, уыдон дӕр йемӕ ныххызтысты мӕрдтыбӕстӕм, карды амӕттаг чи баци, уыдонмӕ.
Уым — Ассири йе ’ппӕт ӕфсадимӕ, йӕ алыварс — йӕ хӕстонты цыртытӕ, иууылдӕр куы бабын сты кардӕй.
Дӕ кулдуар байгом кӕн, Ливан! Уадз аныхъуыра пиллон арт дӕ кедртӕ!
Мӕ хуыссӕнуаты ӕз мӕ фыны федтон: зӕххы астӕу егъау ӕмӕ фидар бӕлас лӕууыд, йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.