Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 30:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уыцы бон наутыл фидиуджытӕ арвитдзынӕн, цӕмӕй ӕнӕмӕт эфиопӕгты стыр тасы бафтауой. Ӕмӕ Мысырӕн йе сӕфты бон куы ралӕууа, уӕд эфиопӕгтӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты. Уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕн!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 30:9
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудейӕгты зӕххӕн-иу ӕрмӕст йӕ койӕ дӕр мысырӕгтӕн сӕ зӕрдӕ бауазал уыдзӕн. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сын цы тӕрхон рахаста, уый сӕ кӕмӕнфӕнды йӕ хъуыдыйы куы ’рӕфта — фыр тӕссӕй-иу нырриздзӕн.


Дунедарӕг загъта: «Мӕ цагъар Исайа ӕртӕ азы бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй кӕй цӕуы, уый Мысыр ӕмӕ Эфиопийӕн у ӕвдисӕйнаг:


Уӕд зӕрдӕсаст фӕуыдзысты, Эфиопийыл йӕ зӕрдӕ чи дардта ӕмӕ Мысыры хъомыс бӕрзонд ӕвӕрд кӕмӕ уыд, уыцы адӕмтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы хъӕр айхъуысдзӕн».


Мысырӕгтӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты Тиры сӕфты коймӕ.


Уӕдӕ Мӕм ныр ӕрбайхъус, буцахуыр, ӕнӕмӕт ӕхсин, афтӕ чи зӕгъы: „Мӕнӕн ӕмбал нӕй, ӕз идӕдзӕй никуы баззайдзынӕн, мӕ цот мӕ разӕй мӕрдтӕм нӕ бацӕудзысты“.


Зӕхх нынкъуысдзӕн се сӕфты уынӕрӕй, ӕмӕ сӕ хъӕр Сырх денджызмӕ айхъуысдзӕн.


Сыстут! Сабыр ӕмӕ ӕнӕмастӕй чи цӕры, уыцы адӕмы ныхмӕ схӕцут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Нӕдӕр сӕм дуӕрттӕ ис, нӕдӕр ӕвдузӕнтӕ, ӕнӕхъыгдардӕй цӕрынц.


Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг. Афон ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн. Мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн. Стӕрхон дын кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууыс ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдонмӕ гӕсгӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Бӕстыхицӕуттӕ рахиздзысты сӕ бадӕнтӕй, раппардзысты сӕ пӕлӕзтӕ, раласдзысты сӕ нывӕфтыд дарӕстӕ. Ризӕг сыл бахӕцдзӕн, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрбаддзысты зӕххыл ӕмӕ алы уысм дӕр стъӕлфдзысты, ӕвирхъау тас сыл бафтаудзӕни дӕ хъысмӕт.


Денджызгӕрон сахартыл ӕвирхъау тас куы бахӕцыд, куы ныккӕрзыдтой паддзӕхтӕ, сӕ цӕсгомы хуыз куы фӕцыд.


Фӕлӕ дӕ рагуац куы сӕххӕст уа, — ныридӕгӕн ӕххӕст кӕнын райдыдта, — уӕд базондзысты, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый».


Ды зӕгъдзынӕ: ‚Цӕуон ӕмӕ бабырсон ӕнӕбыру бӕстӕмӕ, ӕнцад, ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, уыцы адӕммӕ: нӕй сӕм нӕдӕр бырутӕ, нӕдӕр ӕхгӕнӕнтӕ, нӕдӕр кулдуартӕ.


Ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, уыцы Магогы сахартӕ ӕмӕ денджызгӕрон сахартӕ арты амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй: ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕ цӕгтӕ ӕмӕ ӕнгуыртӕй уацары акӕндзысты.


Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».


Эфиопӕгтӕ, сымах дӕр Мӕ карды амӕттаг бауыдзыстут!


Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди, ацы сахар уый у? Йӕхинымӕр-иу дзырдта, мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ, фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад. Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.


Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд фӕзыны, Бардарӕджы ’рцыды бон дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут.


Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ