Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 30:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Карды амӕттаг бауыдзӕни Мысыр, риздзысты Эфиопийы дзыллӕтӕ фыр тӕссӕй, цагъды куы фӕуой Мысырӕн йӕ адӕм, хӕлӕттаг куы фӕуа йӕ фӕллой, куы ныппырх уой йӕ бындуртӕ“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 30:4
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъысмӕтыл дзыназы Моав, ӕгас бӕстӕ кӕуы! Додой кӕнут ныр, кир-харесетаг чисмисджын гуылтӕ мысгӕйӕ!


Додой йӕ къона, йӕ базырты дыв-дыв кӕмӕн цӕуы, Эфиопийы цӕугӕдӕтты фале цы бӕстӕ ӕрбынат кодта, уымӕн!


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ.


Дунедарӕг загъта: «Мӕ цагъар Исайа ӕртӕ азы бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй кӕй цӕуы, уый Мысыр ӕмӕ Эфиопийӕн у ӕвдисӕйнаг:


Згъорут, бӕхтӕ, размӕ згъорут, бӕхуӕрдӕттӕ! Уадз, рацӕуой гуыппырсартӕ: эфиопӕгтӕ, сӕ уартытимӕ — ливиӕгтӕ, ӕлвӕст ӕрдынтимӕ — лудиӕгтӕ!


Алырдыгӕй йыл хъӕр кӕнут! Йӕхи радта знӕгтӕм, ныппырх сты йӕ фидӕрттӕ, йӕ систӕ ныззыгуым сты. Дунедарӕджы азар у уый! Уӕ маст дзы райсут! Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут!


Ӕз дыл ныххуырсдзынӕн емынӕ, дӕ уынгтӕ дын туджы бын фӕкӕндзынӕн, ӕмӕ мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ дӕм алырдыгӕй кард ӕвзиддзӕни. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Дыууиссӕдз азы дӕргъы уыдзӕни ӕдзӕрӕг йӕ алыварс бӕстӕтау, йӕ сахартӕ дӕр — гӕныстон, йӕ алыварс бӕстӕты сахартау. Ӕз мысырӕгты алы бӕстӕты, алы адӕмтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: мӕнӕ Ӕз Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн Мысыры зӕхх дӕттын. Йӕ бирӕ исбон ын байсӕд ӕмӕ йӕ ныххӕлӕттаг кӕнӕд, бастигъӕд ӕй — йе ’фсадӕн уый уыдзӕни йӕ хӕрзиуӕг.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мӕнӕ дӕм Ӕз кард сисдзынӕн, ныццӕгъддзынӕн дын дӕ адӕмы дӕр ӕмӕ дӕ фос дӕр.


Демӕ рацӕудзысты персайнӕгтӕ, эфиопӕгтӕ ӕмӕ путӕгтӕ, се ’ппӕт дӕр уартытӕ ӕмӕ такатимӕ.


Мысыры цыдӕриддӕр сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕндӕр хӕзнатӕ ссара, уыдон иууылдӕр йӕхи бакӕндзӕн; ливиӕгтӕ ӕмӕ эфиопӕгты басӕтдзӕн.


Эфиопӕгтӕ, сымах дӕр Мӕ карды амӕттаг бауыдзыстут!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ