3 Ӕрӕввахс ис сау бон! Хуыцауы тӕрхоны бон, сау бон ӕрӕввахс, адӕмтӕн сӕ азары бон ӕрхӕццӕ кӕны!
Йӕ хъуыддӕгты Йӕ адӕмӕн равдыста Йӕ хъару — муртаттӕгты бӕстӕ сын сӕ хай бакодта.
Мӕн амарынмӕ чи бӕллы, уыдон мын ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой. Ме сӕфтмӕ бӕллынц ӕмӕ мӕ ’лгъитынц, бон-изӕрмӕ сау фӕндтӕ нывӕндынц.
Дунедарӕджы зӕд мысырӕгтӕй израилӕгты ’хсӕн ӕрлӕууыди. Сау мигъау зынд иуӕрдыгӕй, иннӕрдыгӕй та ӕхсӕв рухс кодта. Мысырӕгтӕ уыцы ӕхсӕв нӕ баййӕфтой израилӕгты.
Боныцъӕхтыл Дунедарӕг арты цӕджындз ӕмӕ мигъы цӕджындзӕй ракасти Мысыры ӕфсадмӕ, ӕмӕ уыдон фыр тӕссӕй барызтысты.
Ӕрдиаг кӕнут — Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс, Ӕппӕтхъомыс дӕрӕнгӕнгӕ ӕрцӕудзӕн.
Дунедарӕджы азары бон ӕрӕввахс — судзгӕ мастӕй йедзаг! Уыцы бон бабын уыдзӕни зӕхх, тӕригъӕдджынтӕ фесӕфдзысты зӕххы цъарӕй.
Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.
Гыбар-гыбур зӕххы кӕрӕттӕм айхъуысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. Уый алкӕмӕй дӕр дзуапп ӕрдомдзӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Сымах, сахары быру кӕм ракӕлы, уыцы рӕттӕм нӕ цыдыстут ӕмӕ сӕ нӕ амадтат, цӕмӕй Дунедарӕджы тӕрхоны Бон, тохы бон, фидар лӕууа Израилы адӕмы хъахъхъӕнӕн быру.
Дыууиссӕдз азы дӕргъы уыдзӕни ӕдзӕрӕг йӕ алыварс бӕстӕтау, йӕ сахартӕ дӕр — гӕныстон, йӕ алыварс бӕстӕты сахартау. Ӕз мысырӕгты алы бӕстӕты, алы адӕмтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн.
Тахпанхесы сахары мидӕг Мысыры ӕфсондз куы ныппырх кӕнон, уӕд уым батар уыдзӕни бон. Мысыр сӕрыстыр кӕмӕй у, йӕ уыцы хъомысӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн. Мигъы бын фӕуыдзӕни Мысыр, йӕ сахарты адӕм та бахаудзысты уацары.
Куы бабын уай, уӕд Ӕз сӕхгӕндзынӕн арв, стъалытӕ бамынӕг кӕндзынӕн, хур мигъы аууон бакӕндзынӕн, ӕмӕ мӕй дӕр нал ратдзӕн йӕ рухс.
Фыййау, чи ныххӕлиу, йӕ уыцы фосы дзуг ногӕй куыд банымайы, афтӕ Ӕз дӕр банымайдзынӕн Мӕ фос, суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, сау ӕмӕ мигъдзаст бон сӕ кӕдӕм фӕтардӕуыд, уыцы рӕттӕй.
Мӕнӕ ӕрхӕццӕ ис уыцы бон! Ралӕууыд, ӕрцыди уе сӕфт! Тыхгӕнӕджы лӕдзӕг къуыбар ӕфтауы, схъӕлдзинад та дидинӕг калы.
Ӕрцыди афон, ралӕууыди бон! Ӕлхӕнгӕ чи бакодта, уыдон цин ма кӕнӕнт, уӕй чи акодта, уыдон та ма кӕуӕнт, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ азары хай бауыдзысты.
Се ’взист ракалдзысты уынгтӕм, сӕ сыгъзӕрин дӕр сӕ нал ӕндавдзӕн. Уыдон сӕ Дунедарӕджы азары бон нӕ фервӕзын кӕндзысты. Уыдон сӕ нӕ бафсаддзысты ӕмӕ сын сӕ гуыбынтӕ нӕ байдзаг кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин систы ӕфсон фыдракӕндтӕ аразынӕн.
де сӕфт ӕрцыди, а зӕххы цӕрӕг! Ралӕууыд афон, азары бон ӕрбахӕстӕг; уӕ хӕхтӕм ӕрбаввахс кӕны циндзинады нӕ, фӕлӕ ӕвирхъау тасы заман.
О, уыцы бон! Ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, Ӕппӕтхъомысы гӕныстонау ӕрцӕудзӕн.
Уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы тӕрхоны бон, ӕппӕт адӕмтӕн сӕ Тӕрхоны бон! Ӕмӕ, дӕхӕдӕг куыд кодтай, афтӕ дын бакӕндзысты дӕхицӕн дӕр, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕ.
Дунедарӕджы тӕрхоны бон ӕрӕввахс! Ралӕудзӕни тагъд! Ныридӕгӕн йӕ уынӕр хъуысы! Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд суанг хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр ныдздзыназдзысты!
Ныхъхъус ут Дунедарӕг Хуыцауы раз! Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс. Йӕ нывонд дӕр ӕрцӕттӕ кодта, ныридӕгӕн фӕхуыдта уазджыты.
Уӕдӕ сымах дӕр ӕппӕт уыдӕттӕ куы фенат, уӕд-иу зонут: афон ӕрӕввахс, ныридӕгӕн Уый къӕсӕрыл лӕууы.
Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Бардарӕг хӕстӕг у.
Кӕрӕдзийӕ хъаст ма кӕнут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы.
Ралӕууыди Сӕ азары стыр бон, ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?»