7 Израилы адӕмы та нӕ бафӕнддзӕни дӕумӕ байхъусын, уымӕн ӕмӕ Мӕ коммӕ нӕ кӕсынц — Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр хивӕнд ӕмӕ къӕйных сты.
Комдзог сыл цӕуы суанг сӕ цӕсгом дӕр; содомӕгтау сӕ тӕригъӕдтӕй ӕппӕлынц, нӕ сӕ сусӕг кӕнынц. Додойаг кӕндзӕни сӕ къона, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы ӕппарынц.
Хиваст стут, уый зыдтон: уӕ бӕрзӕйы нуӕрттӕ — ӕндон, уӕ ных — ӕрхуы.
Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!
«Дунедарӕджы номӕй нын ды цытӕ дзурыс, уыдӕттӕм нӕ хъусдзыстӕм.
О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!
Кӕмӕн дзурон, кӕмӕн амонон зонд, чи хъусдзӕн? Сӕ бон нӕу хъусын, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды. Уыдон ӕлгъ кӕнынц Дунедарӕджы ныхасыл, ӕнӕуынон сын у.
Ӕз сын сӕ сӕргъы хъахъхъӕнджыты сӕвӕрдтон ӕмӕ загътон: „Сыкъауадындзы уасынмӕ хъусут!“ Фӕлӕ уыдон дзуапп радтой: „Нӕ хъусдзыстӕм“.
Ӕппӕт уыдӕттӕ сын куы дзурай, уӕд дӕм нӕ байхъусдзысты, сиддзынӕ сӕм, фӕлӕ дын дзуапп нӕ ратдзысты.
Хивӕнд ӕмӕ цъаммар сты ацы адӕм, ӕмӕ сӕм мӕнӕ Ӕз дӕу ӕрвитын. Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау!“
Уымӕн ӕмӕ туг ныккалдтой ацы сахары цӕрджытӕ, уыимӕ зӕххыл нӕ, фӕлӕ айнӕг къӕдзӕхыл, ӕндӕра рыджы бын фӕуыдаид зӕххыл.
Ӕниу дӕ, зынхатӕн ныхас ӕмӕ къуымых ӕвзаг кӕмӕн ис, ахӕм адӕмтӕм куы арвыстаин, уӕд дӕм уыдон байхъуыстаиккой.
Фӕлӕ дӕ Ӕз уыдонау хивӕнд ӕмӕ къӕйных скӕндзынӕн.
Фӕлӕ уыдоны хъусын нӕ фӕндыди, се ’ргом Мӕ аздӕхтой, сӕхгӕдтой сӕ хъустӕ.
Сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой, цӕмӕй сӕм Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ Уды хъомысы руаджы пехуымпарты дзыхӕй цы Ӕгъдау ӕмӕ цы ныхӕстӕ ӕрвыста, уыдон ма хъусой. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг тынг смӕсты ис.
Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы. Сымахыл йӕхи чи атигъ кӕны, уый Мӕныл атигъ кӕны. Мӕныл йӕхи чи атигъ кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕгыл».
Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!
Фӕлӕ, йе ’мбӕстӕгтӕн ӕнӕуынон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыдон бавдӕлдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: „Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзахиуӕг кӕна“.
Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Ратт адӕмӕн, цыдӕриддӕр дӕ курынц, уый: уыдон дӕуыл нӕ, фӕлӕ Мӕныл атигъ кодтой сӕхи, цӕмӕй сын Ӕз мауал кӕнон паддзахиуӕг.