Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 3:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Де ’взаг дӕ комарынгыл баныхӕсдзӕн, багомыг уыдзынӕ ӕмӕ сын дӕ бон уайдзӕфтӕ кӕнын нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 3:26
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Бӕрзонд у Дунедарӕг, сӕрныллӕджы дӕр уыны, сӕрыстыры дӕр базоны дардмӕ.


Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!


Ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, цӕугӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сын фехъусын кӕн. Ма сӕ фӕтӕрс, науӕд дӕ фесафдзынӕн сӕ разы.


Йӕ кулдуӕрттӕ йын афӕлдӕхта зӕххыл, куы ратыдта, куы срӕдывта ӕвдузӕнтӕ! Уӕ, тард куы ’рцыдысты сӕ зӕххӕй паддзах ӕмӕ уӕздӕттӕ! О, нал хъуысы Хуыцауы Ӕгъдау! О, пехуымпартӕн Дунедарӕг ныр нал ӕвдисы рагуацтӕ!


«Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.


Фӕлӕ ды, адӕймаг, ӕрӕмбырд кӕн дӕ дзауматӕ дӕ цӕрӕнбынат аивыны охыл ӕмӕ уыдоны раз боныгон ӕрцӕр ӕндӕр ран. Чи зоны ӕмӕ уӕд бамбарой, куыд хивӕнд сты, уый.


Ӕмӕ уыцы бон лигъдоны раз байгом уыдзӕн дӕ дзых ӕмӕ райдайдзынӕ дзурын — нал уыдзынӕ ӕгомыг. Ды сын суыдзынӕ нысан, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Фӕлӕ мыл йе ’рбацыды размӕ Дунедарӕг изӕрӕй Йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ мӕм лигъдон сӕумӕйӕ куы ’рбацыди, уӕдмӕ мын байгом кодта мӕ дзых. Ме ’взаг мын суӕгъд кодта ӕмӕ ӕз нал уыдтӕн ӕгомыг.


Мемӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕз мӕ цӕстытӕ зӕххӕй нал истон ӕмӕ уыдтӕн ӕдзӕм.


Гуымирытыл баст у Ефрем — йӕхи уагыл ӕй уадз!


Фӕлӕ быцӕу мачи кӕнӕд, мачи макӕй дарӕд азымы. Сауджынтӕ, Ӕз азымджын кӕнын сымах!


Тӕрхондоны искӕй чи багӕды кӕны, уый уын свӕййы ӕнӕуынон, рӕстӕвдисӕнмӕ ӕнӕввӕрсонӕй кӕсут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ